6 Ӕз Израилӕн суыдзынӕн ӕртӕхау, ӕмӕ дидинӕг скалдзӕни кӕркусӕгау, ливайнаг кедрау йӕ уидӕгтӕ ауадздзӕни зӕххы.
Уый бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын йӕ дарӕсмӕ куы басмыста, уӕд ын раарфӕ кодта: «Дунедарӕджы арфӕйы фӕрцы бӕзнаг цы хуым разынди, уыцы хуымы тӕф цӕуы дӕуӕй, мӕ фырт.
Ме рагъыл мын хуым кодтой хуымгӕнджытӕ, ауагътой-иу ыл даргъ ауӕдзтӕ.
Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ ног уидӕгтӕ ауадздзысты. Израил ног талатӕ суадздзӕн ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн, ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.
Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!
Уыдӕттӕ куы бавзарат, уӕд барухс уыдзӕни уӕ зӕрдӕ. Уалдзыгон кӕрдӕг куыд базмӕлы, афтӕ базмӕлдзӕн уе уӕнгты туг». Дунедарӕг Йӕ цагъарты фервӕзын кӕндзӕн Йӕ хъомысджын къухӕй, Йӕ фыдгулты Йӕ азары хай бакӕндзӕн.
Дунедарӕг дӕу хуыдта дидинӕгкалӕг, диссаджы дыргътӕ кӕуыл ис, ахӕм оливӕ бӕлас. Фӕлӕ йӕ тыхджын уады уынӕримӕ арты басыгъта, ныссастысты йӕ къалиутӕ.
Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау».
Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, адӕймаг йӕ хуымы кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау.
Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Тала, Мӕ Фыд та — сӕнӕфсирмӕ Зилӕг.
Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.