Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 14:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 «Сӕ гадзрахатӕй сӕ Ӕз сӕнӕниз кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бауарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 14:5
32 Iomraidhean Croise  

уый у сӕуӕхсиды, ирд райсомы ’нгӕс, ӕрдзы срухсау, зӕххӕй кӕрдӕг чи сзайын кӕны, уыцы къӕвдайы фӕстӕ“.


Иудӕйы байзӕддӕгтӕй чи фервӕза, уыдон арф уидӕгтӕ ауадздзысты ӕмӕ тыллӕг ратдзысты.


мӕ уидӕгтӕ донӕфсӕст сты, мӕ къалиутыл ӕртӕх ӕхсӕвиуат кӕны,


Арфӕ дын ракӕндзӕни Сионӕй Дунедарӕг, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг.


Мӕн уыдӕттӕ бамбарын фӕндыд, фӕлӕ уый тынг зын уыди,


Сӕрыстырдзинад фӕрдгуыты халау сӕ хъуырыл ӕртыхсти, сӕ дарӕс — ӕгъатырдзинад.


Мӕ адӕм, ӕрбайхъусут-ма ногӕй Мӕ фӕдзӕхстмӕ! О Израил, куы Мӕм байхъусис!


Паддзахы маст — домбайы рыхын, йӕ хорзӕх та, цыма кӕрдӕгыл ӕртӕх ӕрызгъӕлы, уыйау.


— Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн, йӕ дзуг кӕркусӕгты ’хсӕн хизы.


Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны кӕнӕ сычъийы фаззӕттӕ, кӕркусӕгты ’хсӕн хизынц.


Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай.


Дунедарӕг мын загъта: «Ӕз ӕнцад кӕсдзынӕн Мӕ цӕрӕнӕй къӕвдайы фӕстӕ хъарм уӕлдӕфау, тыллӕгӕфснайӕнты тӕвд афон ӕртӕхӕй ӕфсӕст ӕврагъау.


О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.


Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ ног уидӕгтӕ ауадздзысты. Израил ног талатӕ суадздзӕн ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн, ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.


Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!


Донмӕ бӕллӕджы Ӕз донхорыг скӕндзынӕн, ӕнӕ донӕй баруайӕджы бафсаддзынӕн донӕй. Уӕ мыггаджы уын Мӕ Уды фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, Мӕ арфӕ уын ӕруадздзынӕн уӕ фӕстагӕттыл.


Уӕлейӕ дӕлӕмӕ арвӕй зӕхмӕ ӕркӕлӕд раст тӕрхон! Ӕрцӕуӕд сӕрибары дуг! Иумӕ суадзӕнт тау раст тӕрхон ӕмӕ сӕрибар! Уыдӕттӕ фӕлдисын Мӕхӕдӕг — Дунедарӕг!»


Цытӕ кодтой, уый Ӕз дзӕбӕх уыдтон. Фӕлӕ сӕ ныр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл сараздзынӕн. Цы мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдоны фӕстӕ сӕ барӕвдаудзынӕн, ныфс сӕ бауадздзынӕн.


Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.


«Раздӕхут Мӕм, гадзрахатӕй рацӕуӕг цот! Ӕз уын уӕ хивӕнд зӕрдӕтӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». «Мӕнӕ Дӕм фӕцӕуӕм, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, нӕ Хуыцау!


Мӕ хорзӕхтӕ сын цинимӕ дӕтдзынӕн, зӕрдиагӕй сӕ ацы зӕххыл байтаудзынӕн».


Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау».


Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕнӕнымӕц адӕмты ’хсӕн суыдзысты Дунедарӕджы ӕртӕхау, кӕрдӕгыл цы тӕрккъӕвда рауары, уый ӕнгӕс. Сӕ цард адӕймагӕй аразгӕ нал уыдзӕн, ӕмӕ Адамы цотыл сӕ зӕрдӕ нал дардзысты.


Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у.


Уӕдӕ дарӕсыл дӕр цы мӕт кӕнут? Акӕсут-ма, быдираг дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ: нӕдӕр кусынц, нӕдӕр ӕлвисынц,


Акӕсут-ма, дидинджытӕ куыд зайынц, уымӕ: нӕдӕр кусгӕ кӕнынц, нӕдӕр ӕлвисгӕ, фӕлӕ уын Ӕз зӕгъын: суанг Соломон дӕр йе стыр кадимӕ уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ фӕлыста йӕхи.


уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты куыд ӕрцӕра. Уарзондзинад уӕд уӕ царды бындур.


Цы зонын, уый фемӕхсдзӕни уарынау; уыдзӕни мӕ дзыхы дзырд сӕууон ӕртӕхау, нӕудзарыл тӕрккъӕвда ӕрцӕуӕгау, кӕрдӕгыл саха ныккӕлӕгау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan