3 Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн.
Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй.
Дунедарӕг сдзӕбӕх кӕны зӕрдӕсастыты, сӕ хъӕдгӕмттӕ сын бабӕтты.
Уый дӕтты хӕринаг цӕрӕгойтӕн ӕмӕ халоны ӕххормаг цъиутӕн.
фыдгӕнӕгӕн та Дунедарӕг йӕ ныхмӕ у, зӕххыл ын фесафы йӕ кой дӕр.
Ӕнаххосӕй ӕнӕуынон кӕмӕн сдӕн, уыдон мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты. Сбирӕ сты ме знӕгтӕ, азымджын нӕ дӕн, афтӕмӕй зилынц мӕ фӕдыл. Никӕй бастыгътон, афтӕмӕй мӕ агурынц фиддон.
Уӕ цӕсгом ссудздзӕн, уӕ зӕрдӕ кӕмӕн радтат, уыцы тулдзты тыххӕй, фегад уыдзыстут уӕ равзӕрст къохты аххосӕй.
Уыцы бон алчидӕр, йӕхицӕн кӕй скодта, табу кӕмӕн кодта, уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ аппардзани куырм мыстытӕ ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн,
Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.
ӕмӕ дзурут, зӕгъгӕ, бӕхтыл алидздзыстӕм. Уӕдӕ алидздзыстут ӕцӕгдӕр! Дзурут, зӕгъгӕ, фӕтары уыдзыстӕм дугъон бӕхтыл. Гъемӕ уӕ фӕсте чи асура, уыдон уӕ баййафдзысты.
Мӕ пехуымпары ӕвастӕй ацӕуынц Мысырмӕ, фараон нӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, йӕ базыры бын нӕ бакӕндзӕн, зӕгъгӕ.
Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!
Мысырӕгтӕн нӕй Хуыцауимӕ абарӕн, уыдон адӕмӕй уӕлдай ницы сты, сӕ бӕхтӕ дӕр Уд нӕ, буар сты. Дунедарӕг сӕм Йӕ къух сисдзӕн, ӕмӕ фӕкӕлдзӕни сӕрылхӕцӕг, кӕй сӕрыл хӕца, уый дӕр афӕлдӕхдзӕн, ӕмӕ бабын уыдзысты иумӕ.
Гъемӕ уӕдӕ ме ’лдаримӕ, Ассирийы паддзахимӕ, бафидау, ӕмӕ дын уый ратдзӕни дыууӕ мин бӕхы, кӕд сын барджытӕ ссарай, уӕд.
Ма мӕт кӕн дӕ сидзӕртыл, Ӕз сын сӕ цард бахъахъхъӕндзынӕн, дӕ идӕдзтӕ Мыл сӕ зӕрдӕ дарӕнт».
Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.
Сӕхи нал фӕчъизи кӕндзысты сӕ хуыцаугӕндтӕм ӕмӕ сӕ гуымирытӕм кувынӕй, сӕ алы фыдракӕндӕй. Суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, тӕригъӕды кӕм цыдысты, сӕ уыцы цӕрӕнбынӕттӕй, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау.
Ефрем хизы дымгӕ, скӕсӕйнаг дымгӕйы фӕдыл зилы, бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц мӕнгдзинад ӕмӕ тыхми. Ассириимӕ цӕдисонтӕ систы, оливӕйы сой ӕрвитынц Мысырмӕ.
Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.
Йӕ быны чи царди, уыдон раздӕхдзысты фӕстӕмӕ, хорарӕхӕн суыдзӕни сӕ цард, сӕнӕфсиры зӕнгау дидинӕг скалдзысты, Ливаны сӕнау сӕ кой айхъуысдзӕни дардыл.
Баалы нӕмттӕ дын дӕ былалгъӕй фесафдзынӕн, ӕмӕ сӕ кой нал фехъуысдзӕн.
Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.
Ефрем федта йӕ низ, Иудӕ — йӕ хъӕдгом. Уӕд Ефрем ацыдис Йаревмӕ, Ассирийы паддзахмӕ, фӕлӕ йын уымӕн ницы у йӕ бон, йӕ низӕй йӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕни.
Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.
Уый дӕр та Израилы хъуыддаг у: хуыцау нӕу — ӕрмдӕсныйы конд; базгъӕлӕн уыдзӕн Самарийы гуымиры.
Иунӕгӕй чи хъеллау кӕны, уыцы хъӕддаг хӕрӕгау ацыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ Ефрем зӕрдӕлхӕнӕн лӕвӕрттӕ кодта.
Ӕз та Дын кады зарӕгӕй нывонд ӕрхӕсдзынӕн, цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн. Ирвӕзындзинад Дунедарӕгмӕ ис!»
Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз ацы зӕххыл мӕнг хуыцӕутты ныццӕгъддзынӕн, мӕнг пехуымпарты ӕмӕ алы ӕлгъӕгтӕм мондаггӕнӕг моны фесафдзынӕн зӕххӕй.
Сидзӕрӕй уӕ нӕ ныууадздзынӕн — фӕстӕмӕ уӕм ӕрыздӕхдзынӕн.
Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“