Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 13:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Фӕлӕ Ӕз дӕн Дунедарӕг, Мысырӕй ардӕм — уӕ Хуыцау. Мӕн йеддӕмӕ уын ӕндӕр хуыцау ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 13:4
14 Iomraidhean Croise  

Ацы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй кӕмӕн бантыст йӕ бӕстӕ мӕ фыдӕхӕй фервӕзын кӕнын? Уыдонау Дунедарӕг дӕр куыд хъуамӕ бахиза мӕ азарӕй Йерусалимы сахар?»


Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау. Уӕ балхӕнынӕн радтон Мысыр, ноджы ма — Эфиопи ӕмӕ Сева.


«Израил ма саби уыди, афтӕ йӕ бауарзтон Ӕз, Мысырӕй рахуыдтон Мӕ фырты.


Ӕз пехуымпартӕн хъусын кодтон Мӕ ныхас, бирӕ цӕстылуайӕнтӕ сын ӕвдыстон, пехуымпарты уылты ӕмбисӕндтӕ хастон.


Фӕлӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мысыры зӕххыл ма куы уыдыстут, уӕдӕй абоны онг дӕн дӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ Ӕз, бӕрӕгбоны-иу куыд уыдис, афтӕ ногӕй халагъудты ӕрцӕрын кӕндзынӕн.


Уым ын Ӕз фӕстӕмӕ ратдзынӕн йӕ сӕндӕттӕ, Ахоры дӕлвӕз фестдзӕни ныфсы дуар. Ӕмӕ уым райхъуысдзӕни йӕ зарӕг, ӕвзонг ма куы уыд ӕмӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыд, уӕд куыд уыдис, афтӕ.


Иузӕрдионӕй дӕ усаг зӕгъдзынӕн Мӕхицӕн, ӕмӕ ды базондзынӕ Дунедарӕджы.


Ӕз та Дын кады зарӕгӕй нывонд ӕрхӕсдзынӕн, цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн. Ирвӕзындзинад Дунедарӕгмӕ ис!»


Ӕндӕр никӕй бон у ирвӕзындзинад раттын, уымӕн ӕмӕ арвы бын иунӕг ӕндӕр ном дӕр нӕй, фервӕзӕн нын кӕй фӕрцы ис».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan