14 Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.
куы йын батӕригъӕд кӕна ӕмӕ куы зӕгъа, ингӕнмӕ йӕ ма ауадз, ӕз ын ахӕстаргъ ссардтон, зӕгъгӕ,
Йӕ гуыбыны цъар — дурыны сӕстытау, похци кӕнӕгау уый фӕцӕйбыры цъыфыл.
Уыдон фыр нӕрдӕй фӕйнӕрдӕм тонынц, схъӕл ныхас кӕнынц.
Дӕ хъус мӕм ӕрдар ӕмӕ мӕм ӕххуысмӕ фӕтагъд кӕн. Фест мӕ къӕдзӕх, мӕ хъахъхъӕнӕг мӕсыг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
Дӕ зыны сахат Мӕ ӕрцагур: Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ ды скадджын кӕндзынӕ».
Тӕригъӕдджынӕн та Хуыцауы дзуапп уыдзӕн: «Мӕ уагӕвӕрдты кой цы кӕныс ӕмӕ Мӕ фидыдыл цы дзурыс,
Уыйадыл фесты Йессейы фырт Давиды куывдтытӕ.
мӕлӕтӕн мыггагмӕ скӕндзӕни кӕрон, алкӕмӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн, зӕххы цъарыл Йӕ адӕмы худинагӕй бахиздзӕн. Афтӕ загъта Дунедарӕг.
О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.
«Ныууагътай Мӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — адард дӕ Мӕнӕй. Уый тыххӕй дӕм Ӕз Мӕ къух систон, ныппырх дӕ кодтон, нал зонын тӕригъӕд!
Уыцы адӕймаг, Дунедарӕг ӕгъатырӕй цы сахартӕ ныззыгуым кодта, уыдоны хъысмӕт бавзарӕд! Сӕумӕрайсом хъусӕд хъарӕг, ӕмбисбон — тохы хъӕртӕ;
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, боныгон рухс кӕнынӕн хур Чи радта, мӕй ӕмӕ стъалытӕн, цӕмӕй ӕхсӕвыгон рухс кӕной, уый тыххӕй уагӕвӕрдтӕ Чи скодта, денджызы уылӕнтӕ гуыр-гуыр куыд кӕной, афтӕ Чи сызмӕнты, Йӕ ном Уӕларвӕфсады Бардарӕг Кӕмӕн у:
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Царды комулӕфты тыххӕй рагуац фехъусын кӕн, пехуымпариуӕг кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: царды комулӕфт, цыппар дымгӕйӕ фӕзын ӕмӕ ацы мӕрдтыл раулӕф, цӕмӕй райгас уой“».
Дыууӕ бонмӕ нӕ царды тых бауадздзӕн, ӕртыккаг бон нӕ слӕууын кӕндзӕн нӕ къӕхтыл, ӕмӕ цӕрдзыстӕм Йӕ разы.
Израилӕгтӕн сӕ хирвӕссондзинад сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы, фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, нӕ раздӕхтысты ӕмӕ Йӕ не ’рцагуырдтой.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн. Йаковы фырттӕ, Ӕз ивгӕ нӕ кӕнын, ӕмӕ сымах дӕр уый фӕрцы нӕ фесӕфтыстут.
Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна?
Кӕд, Хуыцау сыл Йӕхи кӕй атигъ кодта, уый фӕрцы ӕгас дуне Хуыцауимӕ бафидыдта, уӕд сӕм Хуыцау ногӕй Йе ’ргом куы раздаха, уӕд уый та цы уыдзӕн? Мӕрдтӕй райгас нӕ уыдзӕн, ӕви?
Хуыцауы лӕвӕрттӕ ӕмӕ сидт ӕнӕивгӕ сты.
Мах цалынмӕ ацы халагъуды цӕрӕм, уӕдмӕ хъӕрзӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕ зӕххон агъудӕй рахизын фӕнды мах; мах бӕллӕм уӕларвон агъуды бацӕуынмӕ, мӕлинаг агъуд цард куыд аныхъуыра, афтӕ.
Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.
Мах ӕууӕндӕм, Йесо кӕй амард ӕмӕ райгас, ууыл. Ӕмӕ, кӕд афтӕ у, уӕд Йесойыл ӕууӕндгӕйӕ чи амарди, уыдоны дӕр Хуыцау Чырыстиимӕ ӕркӕндзӕн Йӕхимӕ.
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
Уӕд денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ дӕр радтой, чи сӕм уыди, уыцы мӕрдты. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр тӕрхонгонд ӕрцыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ, раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта».
Ӕз федтон фӕлурс бӕх; йӕ барӕджы ном — мӕлӕт. Мӕрдтыбӕстӕ цыдис йӕ фӕдыл, ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххы цыппӕрӕм хайыл карды ӕмӕ стонджы, рыны ӕмӕ зӕххон сырдты фӕрцы марыны бар.
Израилы кадджын Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн Йӕ тӕрхоныл, уымӕн ӕмӕ адӕймаг нӕу — Йӕ тӕрхон нӕ ивы».