10 Кӕм ис ныр уӕ паддзах, цӕуылнӕ уӕ фервӕзын кӕны уӕ алы сахары дӕр? Кӕм сты уӕ тӕрхоны лӕгтӕ, афтӕ кӕй тыххӕй дзырдтат: «Ратт нын паддзах ӕмӕ фӕтӕгтӕ».
Израилы хӕдзарвӕндӕгты адӕм иууылдӕр базыдтой, Йоровам Мысырӕй кӕй ӕрбаздӕхт, уый, фӕдзырдтой йӕм се ’хсӕнады ӕмбырдмӕ ӕмӕ йӕ спаддзах кодтой сӕхицӕн. Паддзах Давиды байзӕддагыл ма иузӕрдионӕй баззад ӕрмӕстдӕр Иудӕйы хӕдзарвӕндаг.
Иуахӕмы Салманесер бафиппайдта, Израилы паддзах йӕ ныхмӕ архайы, уый. Зӕгъӕм, Осиа йӕ минӕвӕртты ӕрвитын райдыдта Мысыры паддзах Со, зӕгъгӕ, уымӕ, Ассирийы паддзахӕн та ӕрвылазы хъалон нал фыста. Уӕд ӕй Салманесер ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.
Цин кӕнӕд Израил йе Скӕнӕджы раз, райӕнт Сионы фырттӕ сӕ Паддзахы раз.
Дӕ кард Дӕ фарсыл ӕрбабӕтт, Хъомысджын, Дӕ уӕлӕ ’ркӕн Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъомыс,
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.
Ӕз Дунедарӕг дӕн, уе Стыр Хуыцау, Израилы Сфӕлдисӕг, уӕ Паддзах!»
Кӕм сты уӕ хуыцӕуттӕ, уӕхӕдӕг кӕй сарӕзтат, уыдон? Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ уӕ уыдон фервӕзын кӕнӕнт уӕ фыдбылызы заман, кӕд сӕ бон у, уӕд! О Иудей, дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц!
Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»
Дунедарӕджы байсӕрст паддзах — нӕ царды комулӕфт — къӕппӕджы куы бахауди! Дзырдтам-иу: «Адӕмты ’хсӕн йемӕ нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».
Нырма уал зӕгъынц: «Паддзах нын нӕй, уымӕн ӕмӕ мах Дунедарӕгӕй нӕ тӕрсӕм. Ӕниу ма нын паддзах дӕр цы сараздзӕн?»
Фӕлӕ Ӕз дӕн Дунедарӕг, Мысырӕй ардӕм — уӕ Хуыцау. Мӕн йеддӕмӕ уын ӕндӕр хуыцау ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй.
Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.
Се ’ппӕт дӕр пецау сзынг сты ӕмӕ сӕ тӕрхонгӕнджыты ныхъуырынц. Паддзӕхтӕ сӕ амӕттаг фесты, фӕлӕ сӕ иу дӕр Мӕн нӕ агуры.
Ме ’вастӕй сӕхицӕн паддзӕхтӕ сӕвӕрдтой, ӕнӕ Мӕн бафӕрсгӕйӕ равзӕрстой фӕтӕгтӕ. Се ’взист ӕмӕ сӕ сыгъзӕринӕй сарӕзтой гуымирытӕ — се сӕфт уырдыгӕй рацыди.
Дунедарӕг суыдзӕнис ӕгас зӕххы Паддзах, иунӕг Дунедарӕг, Йӕ ном дӕр уыдзӕнис иу.
Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!»
Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Ратт адӕмӕн, цыдӕриддӕр дӕ курынц, уый: уыдон дӕуыл нӕ, фӕлӕ Мӕныл атигъ кодтой сӕхи, цӕмӕй сын Ӕз мауал кӕнон паддзахиуӕг.