Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 12:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ефрем та дзуры: «Схъӕздыг дӕн ӕз, бирӕ мулк ӕрӕмбырд кодтон, фӕлӕ мӕ къухы цыдӕриддӕр бафтыд — ницы фыдракӕнд, ницы тӕригъӕд мӕм ис!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 12:8
29 Iomraidhean Croise  

Уӕлӕрвтӕ расидтысты Йӕ рӕстад — Хуыцау Йӕхӕдӕг у тӕрхонгӕнӕг.


Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн Сионӕй ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы ’рцӕуид! Хуыцау Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха, уӕд Йаков ныццин кӕндзӕни, ӕмӕ Израил райдзӕни.


Ме сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон авд дӕлдзӕхы ныххауӕнт;


Дунедарӕгӕн сайаг барӕнтӕ ӕлгъаг сты, раст уӕзбарӕнтӕ — ӕхцон.


Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты, афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ нӕ цӕхсадтой.


Хъахбайы фӕндаг ахӕм у: бахӕры, йӕ былтӕ ныссӕрфы ӕмӕ фӕзӕгъы: «Ӕз ӕвзӕрӕй ницы ракодтон».


Куыд у дӕ бон афтӕ дзурын: «Сыгъдӕг дӕн ӕз, Баалты фӕдыл нӕ цыдтӕн!» Тъӕпӕны куыд цардтӕ, уый-ма ӕрымыс, цытӕ фӕкодтай, уыдӕттӕ ӕрӕмбар! Ӕвзонг сыл теуайау дыууӕрдӕм кодтай ӕдзухдӕр!


Уӕддӕр зӕгъыс: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн, мӕ рӕзты ацӕудзӕн Йӕ маст». Тӕригъӕдджын нӕ дӕн, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн.


Маргъӕй йедзаг къалатийау сӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг сты мӕнгдзинадӕй, скадджын ӕмӕ схъӕздыг сты.


Сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхстӕ, уый фӕрцы сбирӕ кодтай дӕ исбон ӕмӕ дӕ бирӕ исӕй схъал дӕ.


Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой.


Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.


Мӕ адӕмы тӕригъӕдтӕй ӕфсӕдынц, сӕ фыдракӕндтӕм сын бӕллынц.


Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.


Йӕ ахсӕн хызтӕн хӕссы нывӕндтӕ ӕмӕ сын буд судзы, уымӕн ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы у фыр хъӕздыг, дзаджджын сты йӕ фынгтӕ.


Се ’лхӕнджытӕ сӕ марынц, ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Чи сӕ уӕй кӕны, уыдон та дзурынц: „Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ӕз схъӕздыг дӕн“. Нӕ сыл ауӕрдынц фыййӕуттӕ.


Сымах Дунедарӕджы уӕ ныхӕстӕй смӕсты кӕнут, уӕхӕдӕг дзурут, цӕмӕй Йӕ кӕнӕм мӕсты, зӕгъгӕ. Дунедарӕг алы фыдгӕнӕгмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ахӕмтыл ауды, зӕгъгӕ, кӕй фӕзӕгъут, уымӕй. Ноджы ма сымах зӕгъут: «Кӕм ис рӕстдзинады Хуыцау?»


Сымах къӕйныхӕй дзурут Мӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Зӕгъдзыстут Мын: «Цымӕ цы дзурӕм?»


Фӕлӕ уый фӕндыд йӕхи сраст кӕнын ӕмӕ та Йесойы бафарста: «Хион та чи у?»


Уӕд зӕгъдзынӕн мӕхицӕн: мӕнӕйуый, бирӕ азты фаг дӕм ис мулк. Цӕр ныр ӕнцад-ӕнцойӕ, хӕр, нуаз ӕмӕ рай дӕ цардӕй“.


Никӕй бон у дыууӕ хицауӕн кусын — сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ ӕхцайӕн дӕр лӕггад кӕнын».


Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.


Афтӕ ма ’нхъӕлут, ӕмӕ уӕхи уды фыдӕбон ӕмӕ уӕхи хъаруйӕ самал кодтат ӕппӕт ацы мулк.


Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.


ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.]


Ды зӕгъыс, ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ мулк мӕм ис ӕмӕ ницы хъуаг ӕййафын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ зоныс, мӕгуыр, кӕуинаг, гӕвзыкк, куырм ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan