Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 12:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Хананейаг йӕ сайаг тӕрӕзтимӕ уарзы ӕфхӕрын,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 12:7
28 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, фервӕзын кӕн, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ!


Дунедарӕгӕн сайаг барӕнтӕ ӕлгъаг сты, раст уӕзбарӕнтӕ — ӕхцон.


Дунедарӕг раст уӕзбарӕнтӕ домы, хызыны цы уӕзбарӕнтӕ ис, уыдон Уый сфӕлдыста.


Иу адӕймаг ӕфхӕрдзӕн иннӕйы, хион — хионы; ӕрыгӕттӕ хъаздзысты зӕрӕдтӕй, ӕнӕрӕгъыдзыдтӕ — уӕздӕттӕй.


Дунедарӕг зӕгъы: «Хӕссут раст уынаффӕтӕ, раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ уӕ тагъд рӕстӕджы фервӕзын кӕндзынӕн ӕмӕ уын Мӕ рӕстдзинад раргом кӕндзынӕн.


Зӕгъ сын: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Йерусалимӕн: ды сӕнтыстӕ ӕмӕ райгуырдтӕ Ханааны зӕххыл. Дӕ фыд амораг у, дӕ мад та — хеттаг.


Адӕм дӕр ӕфхӕрынц кӕрӕдзи, стигъынц ӕмӕ тухӕнӕй марынц мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы, ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы.


Сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхстӕ, уый фӕрцы сбирӕ кодтай дӕ исбон ӕмӕ дӕ бирӕ исӕй схъал дӕ.


Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.


Фӕлӕ Дунедарӕг ныр дӕр ма зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм зӕрдиагӕй, ком дарут, кӕут ӕмӕ дзыназут, уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут.


Мӕгуыртӕн сӕ сӕртӕ рыджы бын ныккодтой, сӕ фӕндагыл сын сӕвӕрдтой цӕлхдуртӕ. Фыд ӕмӕ фырт иу сылгоймагимӕ хӕтынц, сӕгад Мын кодтой Мӕ уаз ном.


Ашдод ӕмӕ Мысыры сахарты фехъусын кӕнут: «Ӕрӕмбырд ут Самарийы къуыбыртыл, акӕсут-ма, цытӕ дзы цӕуы, уымӕ: бӕстӕ — змӕст, адӕм се ’фсондзы бын удхарӕй мӕлынц!»


Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»


Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут.


Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон!


Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.


Йерусалим ӕмӕ Иудейы цыдӕриддӕр ӕгтӕ ис, уыдон иууылдӕр суыдзысты Уӕларвӕфсады Бардарӕджы уаз кӕхцытӕ. Нывонд хӕссынмӕ чидӕриддӕр цӕуа, уыдон-иу сӕ райсдзысты ӕмӕ дзы нывондаг фосы дзидза фыцдзысты. Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕджы Кувӕндоны ӕцӕгӕлон базаргӕнджытӕ нал уыдзӕн.


Зӕд мын загъта: «Уыцы сылгоймаг у ӕнӕрастдзинад». Мигӕнӕны арфмӕ йӕ фехста ӕмӕ та мигӕнӕн йе ’рхуы сӕрӕй сӕхгӕдта.


«Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ дзырдта: раст тӕрхон кӕнут, кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут;


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та загъта: «Айсут сӕ ардыгӕй ӕмӕ Мын Мӕ Фыды Хӕдзарӕй базаргӕнӕн хӕдзар ма аразут».


Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.


Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan