4 Уый зӕдимӕ хӕцыд ӕмӕ фӕуӕлахиз, лӕгъстӕ йын кодта, йӕ цӕссыг калгӕйӕ. Дунедарӕг ӕй ссардта Вефилы ӕмӕ уым ныхас кодта немӕ.
Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Йаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.
Ӕмӕ мӕнӕ Йаков иунӕгӕй аззади. Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыдысты суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ.
Йӕ бон Йаковы абырсын нӕу, уый куы федта, уӕд ын хӕцгӕ-хӕцын йӕ агъдмӕ февнӕлдта, ӕмӕ лӕгӕн йӕ сины стӕг фелвӕсти.
Йаковӕн загъта: «Суадз Мӕ, бон фӕрухс кӕны». Йаков ын афтӕ: «Цалынмӕ мын арфӕ ракӕнай, уӕдмӕ Дӕ не суадздзынӕн».
Йаков Ӕм бахатыди: «Дӕ ном мын зӕгъ, Дӕ хорзӕхӕй». Уый йын загъта: «Мӕ номӕй Мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым Йаковӕн раарфӕ кодта.
Хуыцау йемӕ кӕм дзырдта, уыцы бынатӕн Йаков радта ном Вефил.
Ӕмӕ Израил Йосефӕн раарфӕ кодта: «Мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаак коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты, мӕ райгуырдӕй нырмӕ мын Фыййау цы Хуыцау у —
О Хуыцау, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!
Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.
Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уый фӕстӕ мах, удӕгасӕй чи баззайа, уыдон, семӕ ист ӕрцӕудзыстӕм ӕврӕгътыл, уӕлдӕфы фембӕлдзыстӕм Бардарӕгимӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр уыдзыстӕм Йемӕ.
Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.