3 Йӕ мады гуыбыны дӕр йе ’фсымӕры зӕвӕтмӕ лӕбурдта, куы бахъомыл ис, уӕд та Хуыцауимӕ хъӕбысӕй хӕцыд.
Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Йаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд Израилы адӕммӕ ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Сӕ зӕххыл ма цӕргӕйӕ ныууагъта ӕрмӕст Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы.
Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕхи атигъ кодта Израилы ӕппӕт байзӕддагыл дӕр. Ӕрӕлхъывта сӕ, ӕцӕгӕлон адӕмтӕн-иу сӕ бастигъын кодта. Ӕппынфӕстаг сӕ фӕсырдта Йӕ цурӕй.
Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сӕ Дунедарӕг фӕсырдта Йӕ цурӕй, Йӕ лӕггадгӕнӕг пехуымпарты уылты рагацау куыд дзырдта, афтӕ. Израилы адӕм сӕ зӕххӕй хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ ныронг дӕр ма уым сты.
Уыдӕтты тыххӕй Ӕз сымахмӕ — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ цот ӕмӕ уӕ цоты цотмӕ фӕсиддзынӕн тӕрхонмӕ.
Де сӕфт ӕрцыд, ӕмӕ дыл Ӕз Мӕ азар ныххуырсдзынӕн, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де ’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй.
Рӕхджы дыл Ӕз ныххуырсдзынӕн Мӕ азар, ныккалдзынӕн дыл Мӕ маст. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де ’лгъаг миты тыххӕй.
Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы.
Адӕммӕ цы кӕса, сауджынмӕ дӕр — уый. Алкӕй дӕр йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой Дунедарӕджы Ӕгъдауӕй, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын не ’ххӕст кӕнынц. Сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, уыдон сын сӕ фӕндаг ныггалиутӕ кодтой.
Байхъусут, хӕхтӕ, Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, хъусгӕ кӕнут сымах дӕр, зӕххы фидар бындуртӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕны, азымджын кӕны Израилы.
Гуыргӕ дӕр нӕма ракодтой, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй Хуыцау Ревеккӕйӕн загъта, цӕмӕй равдиса, цы снысан кодта,