Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 11:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Се ’ргом Мӕ аздӕхтой мӕ адӕм, фӕстӕмӕ раздӕхын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй. Цӕмӕй Иууылбӕрзондмӕ се ’ргом раздахой, уый тыххӕй сӕм пехуымпартӕ сидынц, фӕлӕ Йын кад ничи кӕны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 11:7
18 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕуагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуыдзӕн, хорз адӕймагӕн дӕр афтӕ.


Фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнд барст куы ’рцӕуа, уӕд, рӕстдзинад цы у, уый нӕ базондзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ та дарддӕр кӕндзӕни фыдмитӕ, раст адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххыл, Де стырад дын ницӕмӕ ’рдардзӕн.


О Дунедарӕг! Нӕ хъуыддӕгтӕ ныл комдзог цӕуынц, фӕлӕ нӕ сӕрыл рахӕц Дӕ номы сӕраппонд, кӕд нӕ гадзрахаттӕ ӕнӕнымӕц сты ӕмӕ Дӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, уӕддӕр.


Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Дунедарӕг мын загъта: «Израилы чызг мыл сайдӕй рацыди, фӕлӕ йӕ мӕнгард Иудей цӕсгомджындӕр у.


Уӕ фыдӕлтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй абонмӕ уӕм бонӕй-бонмӕ, ног ӕмӕ ногӕй ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты — пехуымпарты.


Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут.


Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.


Цас фылдӕр сидтӕн израилӕгтӕм, уыйас мӕ сӕхи дарддӕр ластой, нывӕндтӕ хастой Баалтӕн ӕмӕ буд сыгътой гуымирытӕн.


Ассири мах нӕ фервӕзын кӕндзӕни, нал сбаддзыстӕм бӕхтыл ӕмӕ, нӕхи къухӕй кӕй сарӕзтам, уыдоны нӕ хуыцӕуттӕ нал схондзыстӕм. Сидзӕртӕ Дӕ хорзӕхӕй схайджын вӕййынц».


Къӕйных дыгӕрдыгӕй уӕлдай коммӕ куынӕуал кӕсы Израил, уӕд ма сӕ Дунедарӕг уӕрыччытау парахат уыгӕрдӕны куыд хиза?


Се ’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се ’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan