11 Ӕрбатӕхдзысты йӕм мӕргътау Мысырӕй, бӕлӕттау — Ассирийӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз сӕ хӕдзӕртты ӕрцӕрын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.
Уый цы ’рбатӕхы ӕврӕгътау, сӕ бынӕттӕм здӕхӕг бӕлӕттау?
Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.
Ӕмӕ сын алы бӕлас дӕр дӕтдзӕни йӕ дыргъ, зӕхх та — йӕ тыллӕг, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты сӕ зӕххыл. Се ’фхӕрджыты къухӕй сӕ куы суӕгъд кӕнон ӕмӕ сын се ’фсондз куы ныссӕттон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Адӕмтӕн нал уыдзысты ӕфтиаг, нал сӕм лӕбурдзысты хъӕддаг сырдтӕ дӕр. Ӕдасӕй цӕрдзысты ӕмӕ сыл тас ничиуал ӕфтаудзӕни.
уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: израилӕгты ракӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн кӕм цӕрынц, уырдыгӕй, ӕрӕмбырд сӕ кӕндзынӕн алырдыгӕй ӕмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ.
Цӕрдзысты, Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, сӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, ууыл. Уым мыггагмӕ цӕрдзысты сӕхӕдӕг дӕр, сӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаджы байзӕддаг дӕр. Мӕ цагъар Давид та мыггагмӕ уыдзӕни сӕ фӕтӕг.
Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.
Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.
Фӕлӕ Сионы хохыл бирӕтӕ фервӕздзысты, ӕмӕ суыдзӕнис уаз бынат, Йаковы хӕдзар райсдзӕни йӕ исбон.
Мысыры зӕххӕй сӕ раздахдзынӕн, Ассирийӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Галаад ӕмӕ Ливанмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уым дӕр бынат нал фаг кӕндзӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ адӕмы скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕны бӕстӕтӕй,
ӕрбакӕндзынӕн сӕ, ӕмӕ цӕрдзысты Йерусалимы. Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та сын уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ раст Хуыцау.