Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 10:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 10:5
20 Iomraidhean Croise  

Ӕцӕг, дарддӕр фӕзмыдта, Наваты фырт Йоровам Израилы цы тӕригъӕдтыл бафтыдта, уыдон, Вефил ӕмӕ Даны сыгъзӕрин уӕнгуытӕн табу кодта.


Сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытыл ӕмӕ сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд дыууӕ уӕныджы, стӕй Ашерӕйы цӕджындз. Кувын райдыдтой арвы стъалытӕм ӕмӕ табу кодтой Баалӕн.


Атардта, Баалӕн, хурӕн, мӕйӕн, стъалыгуппартӕн ӕмӕ ӕппӕт арвы стъалытӕн чи табу кодта, Иудейы сахарты ӕмӕ сын Йерусалимы алфамбылӕйтты кувӕн къуыбыртыл нывӕндтӕ чи хаста, уыцы сауджынты, Иосиайы размӕйы паддзӕхты ӕвзӕрстыты.


Роховам йӕхицӕн саужынтӕ равзӕрста, цӕмӕй кувӕн къуыбыртыл лӕггад кӕной, табу кӕной цӕутӕ ӕмӕ уӕнгуыты гуымирытӕн — йӕхӕдӕг кӕй саразын кодта, уыдонӕн.


Ӕмӕ ныр сымах сфӕнд кодтат Дунедарӕджы паддзахады, Давиды байзӕддӕгтӕн лӕвӕрд чи у, уый ныхмӕ фӕлӕууын. Сымах ӕнӕнымӕц стут, ӕмӕ уӕм ис сыгъзӕрин уӕнгуытӕ, Йоровам уын хуыцӕуттӕ кӕмӕй сарӕзта, уыдон!


Афӕлдӕхтысты мӕнг хуыцӕуттӕ, сӕхи нал фӕрӕзтой ӕмӕ сӕ уӕрджытыл ӕрхаудысты дыууӕйӕ дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй уацармӕ ласт ӕрцыдысты.


Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.


Кӕд ды хӕтгӕ кӕныс, Израил, уӕд Иудӕ тӕригъӕдӕй йӕхи бахизӕд! Ма цӕут Гилгал кӕнӕ Бет-Авенмӕ ӕмӕ Дунедарӕгӕй сомы ма кӕнут.


Сыкъауадындзӕй ныууасут Гевӕйы, хӕтӕлӕй — Рамайы, ныффӕдис кӕнут Бет-Авены: «Дӕ фӕдыл, Бениамин!»


Израил, иннӕ адӕмтау цин ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ды ферох кодтай дӕ Хуыцауы, хъахбай митыл бафтыдтӕ ӕмӕ хӕтаг сылау алы мусы хъахбайты мызд ӕмбырд кӕныс.


Ефремӕн йӕ цотамонд атӕхдзӕни маргъау: сылгоймаг нал аргӕ ныккӕндзӕн, нал сывӕрджын бауыдзӕн ӕмӕ йӕм нал гуырдз фӕзындзӕн.


Ӕз Йаковы йӕ фыдракӕндты тыххӕй цы бон бафхӕрдзынӕн, уыцы бон Вефилы нывондхӕссӕнтӕ дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзысты, сӕ сыкъатӕ сын акъуырдзысты ӕмӕ сӕ зӕхмӕ фехсдзысты.


Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕм дӕр Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн, Баалӕй сӕм цыдӕриддӕр баззад, уыдон иууылдӕр фесафдзынӕн, суанг йӕ дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ йӕ сауджынты нӕмттӕ дӕр:


Махӕн дзы уымӕй тӕссаг у, ӕмӕ сӕгад уыдзӕн канд нӕ дӕсныйад нӕ, фӕлӕ ӕппындӕр цӕсты нал ахаддзӕн стыр сылгоймаг-хуыцау Артемидӕйы кувӕндон дӕр; ӕмӕ йӕ ном нал нӕрдзӕн, ӕппӕт Аси ӕмӕ ӕппӕт дуне кӕмӕн кувынц, уыцы сылгоймаг-хуыцауӕн».


Йешуа Йерихонӕй йе сгарджыты арвыста Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм, Бет-Авенмӕ хӕстӕг сахар Гаймӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ацӕут ӕмӕ уыцы бӕстӕ басгарут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ Гайы сахарыл ӕрзылдысты.


Миха сын дзуапп радта: «Сымах радавтат, ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хуыцӕутты, ракодтат мын мӕ сауджыны! Ницыуал мӕм баззад! Ноджы ма мӕ, цы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, фӕрсут?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan