Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 10:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Нырма уал зӕгъынц: «Паддзах нын нӕй, уымӕн ӕмӕ мах Дунедарӕгӕй нӕ тӕрсӕм. Ӕниу ма нын паддзах дӕр цы сараздзӕн?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 10:3
14 Iomraidhean Croise  

Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Иавешы фырт Шаллум паддзах сси иудейаг паддзах Озиайы паддзахиуӕджы ӕртын фарӕстӕм аз, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕг Самарийы сахары ӕдӕппӕтӕй ахаста иу мӕй.


Ӕрыгон лӕппу куыд бахъахъхъӕна сыгъдӕгӕй йӕ фӕндаг? Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрӕд.


Ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Рухс фенын кӕн мӕ цӕстытӕн, цӕмӕй мӕрдон фынӕй ма бауон,


Уыдон зӕгъынц: «Хуыцау тагъддӕр рахӕссӕд Йӕ тӕрхон, цӕмӕй Йын ӕй фенӕм, сӕххӕст кӕнӕд Йӕ фӕнд, ӕмӕ Йын ӕй базонӕм!»


Уый уын фӕпайда уыдзӕн Вефил уе стыр фыдракӕндты тыххӕй. Куыддӕр хур скӕса, афтӕ Израилы паддзах бабын уыдзӕн.


Самари ӕмӕ йӕ паддзах фесӕфдзысты, доны сӕрмӕ доны фынк куыд ӕрбайсӕфы, уыйау.


Мысырмӕ сын аздӕхӕн нал ис, фӕлӕ Ассири суыдзӕни сӕ паддзах, уымӕн ӕмӕ сӕхи атигъ кодтой Мӕныл.


Кӕм ис ныр уӕ паддзах, цӕуылнӕ уӕ фервӕзын кӕны уӕ алы сахары дӕр? Кӕм сты уӕ тӕрхоны лӕгтӕ, афтӕ кӕй тыххӕй дзырдтат: «Ратт нын паддзах ӕмӕ фӕтӕгтӕ».


Мӕ маст уӕм куы рафыхт, уӕд уын паддзахы радтон ӕмӕ, куы смӕсты дӕн, уӕд уын ӕй фӕстӕмӕ айстон.


Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.


Уӕдӕ ныр цӕуыл фӕдис кӕныс? Ау, паддзах дын нӕй? Ӕви дын уынаффӕгӕнӕг нал ис, арӕг усау хъуырдухӕн цы кӕныс?


Фӕлӕ уыдон хъӕр систой: «Амар Ӕй! Амар Ӕй! Байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» Хистӕр сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн кесӕры йеддӕмӕ паддзах нӕй».


Дарддӕр дӕр ма фыдбылыз куы аразат, уӕд та уӕ паддзахимӕ иумӕ бабын уыдзыстут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan