Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 10:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уый уын фӕпайда уыдзӕн Вефил уе стыр фыдракӕндты тыххӕй. Куыддӕр хур скӕса, афтӕ Израилы паддзах бабын уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 10:15
8 Iomraidhean Croise  

Ныр та зӕгъы: «Ӕртӕ азы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — кадджын Моавыл худинаджы гакк сбаддзӕн. Йӕ бирӕ дзыллӕйӕ ма армыдзаг баззайдзӕн ӕрмӕст».


Уымӕ гӕсгӕ уӕ адӕм сызмӕнтдзысты, уӕ фидӕрттӕ иууылдӕр ныппырх уыдзысты, Шалман Бет-Арвел куы ныддӕрӕн кодта ӕмӕ мадӕлты сӕ цотимӕ куы мардтой, уӕд куыд уыдис, афтӕ.


Нырма уал зӕгъынц: «Паддзах нын нӕй, уымӕн ӕмӕ мах Дунедарӕгӕй нӕ тӕрсӕм. Ӕниу ма нын паддзах дӕр цы сараздзӕн?»


Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.


Самари ӕмӕ йӕ паддзах фесӕфдзысты, доны сӕрмӕ доны фынк куыд ӕрбайсӕфы, уыйау.


«Израил ма саби уыди, афтӕ йӕ бауарзтон Ӕз, Мысырӕй рахуыдтон Мӕ фырты.


Уӕдӕ мын, ау, уыцы хорз ӕрхаста мӕлӕт? Ницы хуызы! Уый тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ уымӕй йе ’цӕг цӕсгом равдыста: уыцы хорзӕй спайда кодта ӕмӕ мын мӕлӕт ӕрхаста. Уӕдӕ афтӕ: фӕдзӕхсты руаджы ноджы тынгдӕр рабӕрӕг ис, тӕригъӕд куыд тӕригъӕдджын у, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan