Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израил — зад сӕнӕфсиры зӕнг, гагаты бынӕй нал зыны. Йӕ дыргътӕ цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр нывондхӕссӕнтӕ аразы. Йӕ зӕхх цас сойджындӕр кӕны, уыйас фылдӕр — йӕ табуйаг дуртӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 10:1
24 Iomraidhean Croise  

Алы бӕрзонд хохыл ӕмӕ алы къабузджын бӕласы бын арӕзтой кувӕн къуыбыртӕ, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


О Иудей! Дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц! Йерусалимы цал уынджы ис, уал нывондхӕссӕны дзы сӕвӕрдтат, цӕмӕй сыл ӕлгъаг Баалӕн будсудзӕн кӕнат!


Фыдбылыз дыл бафтыдта Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Чи дӕ ныссагъта, Уый, уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ фыдракӕндтӕ фӕкодтой, Баалӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕй сыгътой, уымӕй Мӕ мӕсты кодтой».


Кӕм сты уӕ хуыцӕуттӕ, уӕхӕдӕг кӕй сарӕзтат, уыдон? Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ уӕ уыдон фервӕзын кӕнӕнт уӕ фыдбылызы заман, кӕд сӕ бон у, уӕд! О Иудей, дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц!


Галаады фӕзынди фыддзинад, йӕ цӕрджытӕ дзӕгъӕл змӕлдыл систы. Гилгалы нывондӕн хастой галтӕ, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕнтӕ, быдыры ауӕдзыл цы дуррӕдзӕгъдтӕ самайынц, уыдонау суыдзысты.


Ефрем та дзуры: «Схъӕздыг дӕн ӕз, бирӕ мулк ӕрӕмбырд кодтон, фӕлӕ мӕ къухы цыдӕриддӕр бафтыд — ницы фыдракӕнд, ницы тӕригъӕд мӕм ис!»


Йе ’фсымӕртӕй уал амондджындӕр зынӕд, фӕлӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй фӕзындзӕн скӕсӕйнаг дымгӕ, Дунедарӕджы дымгӕ, ӕмӕ йӕ суадоны цӕст бахус уыдзӕн, йӕ донгуырӕн ӕрбайсӕфдзӕн; йӕ хӕзнадоны йын иунӕг хӕзна дӕр нал ныууадздзӕн.


Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.


Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой.


Ӕз ын ныр йӕ худинаг йӕ хӕзгулты раз раргом кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын ӕй Мӕ къухӕй ничиуал байсдзӕн.


Уый нӕ зыдта, Ӕз ын кӕй лӕвӕрдтон хӕринаг, сӕн ӕмӕ сой, ӕнӕнымӕц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, уый та Баалы гуымиры сарӕзта.


Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.


Сӕ нымӕц цас фылдӕр кӕны, уыйас Мӕ ныхмӕ фылдӕр тӕригъӕдтӕ кӕнынц. Ӕз сын сӕ кад баивдзынӕн ӕгадӕй.


Уымӕн ӕмӕ бирӕ нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта Ефрем, фӕлӕ йын уыдон фӕахъаз сты ӕрмӕст тӕригъӕды бацӕуынӕн.


Ме ’вастӕй сӕхицӕн паддзӕхтӕ сӕвӕрдтой, ӕнӕ Мӕн бафӕрсгӕйӕ равзӕрстой фӕтӕгтӕ. Се ’взист ӕмӕ сӕ сыгъзӕринӕй сарӕзтой гуымирытӕ — се сӕфт уырдыгӕй рацыди.


Уӕхицӕн гуымирытӕ ма аразут, хуыцаугӕндтӕ, табуйаг дурцӕджындзтӕ ӕмӕ нывӕфтыд дуртӕ ма ӕвӕрут, цӕмӕй сӕм куват, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Дунедарӕг ногӕй скадджын кӕндзӕн Израилы, кӕд ӕй абырджытӕ бастыгътой ӕмӕ йын йӕ сӕнӕфсиры талатӕ бассӕстой, уӕддӕр.


Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.


Иннӕтӕ иууылдӕр мӕт кӕнынц, Йесо Чырыстийӕн фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan