Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 1:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Иудӕйы байзӕддаг та хатыргонд уыдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн — кард, ӕрдын, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, хъаруйӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 1:7
26 Iomraidhean Croise  

Дӕуӕн та, Езекиа, дӕттын нысан: ацы аз хӕрут, хауӕггаг нӕмыгӕй цы хор ӕрзад, уый, иннӕ аз — йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый, ӕртыккаг аз та-иу байтаут ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ, ныссадзут сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ сын хӕрут сӕ дыргътӕ.


— Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».


Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ.


Сириӕгтӕ йӕм куы ӕрбаввахс сты, уӕд та Елисей Дунедарӕгмӕ скуывта: «Бакуырм сӕ кӕн!» Ӕмӕ сӕ Уый бакуырм кодта Елисейы дзырдӕй.


Дунедарӕг раст лӕгмӕ ӕркӕсы ӕмӕ йын фехъусы йӕ дзыназын,


Хуыцау, Дӕ паддзахы бадӕн у ӕнусон, Дӕ Паддзахады лӕдзӕг — рӕстдзинады лӕдзӕг.


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Афтӕ Дунедарӕг уыцы бон израилӕгты бахызта мысырӕгты къухӕй. Израилӕгтӕ денджызы был мысырӕгты мӕрдтӕ куы федтой,


Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»


Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!


Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Уыдон уын дзырдтой: «Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ ныууадзӕд, ӕмӕ цӕрут, Дунедарӕг сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн мыггагмӕ кӕй радта, уыцы зӕххыл.


Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ма цӕут, ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут; уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ ма мӕсты кӕнут, ӕмӕ уыл уӕд фыдбылыз не ’руадздзынӕн».


афтӕ Ме ’ргом нӕ аздахдзынӕн Йаков ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгтӕй, цӕмӕй Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы фӕстагӕттӕй паддзах мауал равзарон, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн ӕмӕ сын ныххатыр кӕндзынӕн».


Лорухамӕйы риуӕй куы фӕиртӕста, уӕд та Гомер басывӕрджын ис, ӕмӕ лӕппу ныййардта.


Ефрем Мыл хинӕй цӕуы, Израил — сайдӕй, фӕлӕ Иудӕ Хуыцауимӕ ис, Уаз Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ ивы.


Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уадз ӕмӕ мӕнӕ ацы дзыллӕ дӕр, Израилы адӕм, базоной, Дунедарӕг кард ӕмӕ арцы руаджы кӕй нӕ дӕтты уӕлахиз, уый. Ныр Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцы ӕмӕ уӕ ратдзӕни нӕ къухтӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan