Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 1:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Гомер та ногӕй басывӕрджын ӕмӕ чызг ныййардта. Дунедарӕг загъта Осиайӕн: «Сӕвӕр ыл ном Лорухамӕ, ома Ӕнӕхатыргонд, уымӕн ӕмӕ Ӕз нал ныббардзынӕн Израилы адӕмӕн, нал сын ныххатыр кӕндзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 1:6
11 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕхи атигъ кодта Израилы ӕппӕт байзӕддагыл дӕр. Ӕрӕлхъывта сӕ, ӕцӕгӕлон адӕмтӕн-иу сӕ бастигъын кодта. Ӕппынфӕстаг сӕ фӕсырдта Йӕ цурӕй.


Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.


Лорухамӕйы риуӕй куы фӕиртӕста, уӕд та Гомер басывӕрджын ис, ӕмӕ лӕппу ныййардта.


Мӕхицӕн ӕй байтаудзынӕн зӕххы, ӕмӕ уӕд Ӕнӕхатыргондӕн ныббардзынӕн. Мӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕй Ӕз зӕгъдзынӕн «Мӕ адӕм», уыдон та Мын зӕгъдзысты: «Ды — нӕ Хуыцау».


Йӕ цотӕн дӕр хатыр нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ хъахбайы цот сты.


Дунедарӕг мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Ауыгъд зды». Дунедарӕг мын загъта: «Рӕхджы Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, астӕу ауыгъд зды сӕвӕрдзынӕн; нал сын ныббардзынӕн.


Дунедарӕг Хуыцау тӕригъӕдджын паддзахадмӕ Йӕ цӕстӕнгас сарӕзта. Ӕз ӕй зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, фӕлӕ Йаковы хӕдзар бынтон не скуынӕг кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


«Кӕддӕр адӕм нӕ уыдыстут, ныр та — Хуыцауы адӕм. Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат, ныр та дзы хайджын стут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan