5 Уыцы бон Ӕз Израилы ӕрдын ныссӕтдзынӕн Изреелы дӕлвӕзы».
Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.
Хъусӕй чи нӕ хъусы ӕмӕ дзуапп раттын чи нӕ фӕразы, уый хуызӕн сдӕн.
Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!
Вавилонмӕ фӕзындзӕни дӕрӕнгӕнӕг, йӕ хӕстонты йын уацары акӕндзысты, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фиды, ӕххӕстӕй сын сӕ бафиддзӕн.
Уым дын дӕ галиу къухӕй акъуырдзынӕн де ’рдын, дӕ рахиз къухӕй та дын аппардзынӕн дӕ фаттӕ.
Уыцы бон Ӕз быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон хилӕгойты адӕмимӕ бафидауын кӕндзынӕн; уыцы зӕххыл кард, ӕрдын ӕмӕ хӕстӕн сӕ кой дӕр фесафдзынӕн, ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй.
Йосефы байзӕддӕгтӕ загътой: «Хӕхбӕстӕ нын скъуындӕг ис цӕрынӕн. Дӕлвӕзы чи цӕры, уыцы ханаанӕгтӕм та — Бет-Шеан ӕмӕ йӕ сахаргӕрӕтты, стӕй Изреелы дӕлвӕзы — ис ӕфсӕндзагъд хӕстон уӕрдӕттӕ».
Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕугӕдоны сӕрты бахызтысты ӕмӕ Изреелы дӕлвӕзы рӕсӕнуат скодтой.