3 Ӕмӕ Осиа бавдӕлд ӕмӕ Дивлаимы чызг Гомеры ӕрхаста. Гомер басывӕрджын ӕмӕ йын фырт ныййардта.
Адам ӕмуат ӕрцыд йӕ ус Евӕимӕ. Уый банхъӕлцау ис, ӕмӕ, йӕ афон куы ралӕууыд, уӕд ын райгуырди Каин. Евӕ загъта: «Дунедарӕг мын радта ацы адӕймаджы».
Хистӕр хойӕн йӕ ном уыди Охола, кӕстӕрӕн та — Охолива. Уыдон Мӕ къухы уыдысты, ныййардтой Мын фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. Охола у Самари, Охолива та — Йерусалим.