Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 1:1
26 Iomraidhean Croise  

Куы амарди, уӕд Израилӕн паддзах сси Йеровоам. Йоашӕн та йӕ мард бавӕрдтой Израилы паддзӕхты зӕппадзы, Самарийы.


Йоаш куы амарди, уӕд ын йӕ мард бавӕрдтой Израилы паддзӕхты зӕппадзы, Самарийы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йеровоам.


Йоашы фырт Йеровоам Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Амациайы, Иоасы фырты, паддзахиуӕджы фынддӕсӕм аз. Самарийы сахары паддзахиуӕг фӕкодта иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы.


Израилы паддзах Фекахы, Ремалийы фырты, паддзахиуӕджы дыккӕгӕм аз Иудейӕн паддзах сси Озиайы фырт Йотам.


Уый тыххӕй Дунедарӕг Азариайыл хъотырниз бафтыдта, ӕмӕ йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр уыцы низӕй не сдзӕбӕх. Царди хибарӕй, хицӕн хӕдзары. Йӕ фырт Йотам паддзахы галуаны уыди уагдар, бӕстӕйы адӕмӕн та — тӕрхонгӕнӕг.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йотам.


Йотам паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Йӕ мад Йеруша уыди Цадокы чызг.


Ахаз паддзах сси ссӕдзаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Йӕ фыдӕл Давиды нӕ бафӕзмыдта, Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ нӕ кодта.


Иннӕ уаз нывӕндтӕ та ӕдӕппӕтӕй: ӕхсӕзсӕдӕ сӕры — стуртӕ, ӕртӕ мин сӕры та — лыстӕг фос.


Дунедарӕг Хуыцау иудейаг паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты Иудей ӕмӕ Йерусалимы сомбоны фӕдыл Амоцы фырт Исайайӕн рагагъоммӕ кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕнтӕ.


Иотамы фырт Ахаз, Озиайы фырты фырт, Иудейы паддзах куы уыди, уыцы заман Арамы паддзах Рецин ӕмӕ Ремалийы фырт Феках, Израилы паддзах, Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты, фӕлӕ йӕ сӕ бон бацахсын не сси.


Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.


Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас:


халдейаг зӕххыл, Кевары доны был, Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта сауджын Езекиелӕн, Бузийы фыртӕн. Уыцы ран ыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд.


Дунедарӕг Петуелы фырт Иоелӕн загъта:


Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр.


Дунедарӕг Амиттайы фырт Ионӕйӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:


Иудейаг паддзӕхтӕ Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заман Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта морешетаг Михайӕн; цӕстылуайӕны йын раргом чындӕуыд, Самари ӕмӕ Йерусалиммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый:


Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ӕстӕм мӕйы Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:


Хуыцауы дзырд кӕмӕн лӕвӕрд уыд, кӕд Хуыцау уыдоны хуыцӕуттӕ схуыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстӕн аивӕн нӕй,


пехуымпар Осиайы чиныджы Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ: «Мӕ адӕм чи нӕ уыди, уыдоны схондзынӕн Мӕ адӕм ӕмӕ, кӕй нӕ уарзтон, уый схондзынӕн Мӕ уарзон».


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan