Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 9:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Дунедарӕджы амындӕй-иу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ-иу Дунедарӕджы амындӕй дарддӕр сӕ фӕндаг кодтой. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 9:23
11 Iomraidhean Croise  

Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуантӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй».


Цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм сӕрӕгасӕй баззайой, уый тыххӕй сӕ фервӕзын кӕн Дӕ рахиз къухы хъомысӕй! Ратт мын дзуапп!


Израилы дзыллӕ Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй куы рацыдысты, уӕд Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ рӕсӕнуат кодтой куы иу, куы иннӕ ран, афтӕмӕй бахӕццӕ сты Рефидиммӕ. Адӕмӕн дзы дон бануазынӕн нӕ уыд,


Фыййау йӕ фосы дзуг дӕлвӕзы ’рдӕм ривӕд кӕнынмӕ куыд рауадзы, уыйау Дунедарӕджы Уд дӕр Йӕ адӕмы ракодта тӕссаг ранӕй ӕмӕ сын радта ӕдасдзинад ӕмӕ ӕнцой». Афтӕ ракодтай Ды Дӕ адӕмы ӕмӕ уымӕй скадджын кодтай Дӕ ном!


Мӕ Кувӕндоны Мын уазлӕггад нӕ кодтат, уӕхи бӕсты-иу дзы ӕндӕрбӕстӕгты лӕггадгӕнджытӕй сӕвӕрдтат.


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай ӕмӕ Мын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд тӕрхон кӕндзынӕ Мӕ Кувӕндоны ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕ Мӕ кӕртытӕ. Ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн, мӕнӕ ам чи лӕууы, уыдонимӕ Мын лӕггад кӕныныны бар.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Уӕд фыццаг хатт сыстадысты сӕ бынатӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Мигъ-иу дӕргъвӕтин рӕстӕг йӕхи куы нӕ иста Уаз Цӕрӕнӕй, уӕд-иу израилӕгтӕ ӕнцад лӕууыдысты — ӕххӕст кодтой Дунедарӕджы фӕндон.


Абоны онг бирӕ бонты дӕргъы уе ’фсымӕрты тыхст уавӕры никуы ныууагътат. Сӕххӕст кодтат, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕххӕстгӕнинаг цы уыдис, уыдӕттӕ иууылдӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan