Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 9:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Мигъ-иу цалдӕр боны куы бадти Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ, уӕд-иу израилӕгтӕ, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ бынаты лӕууыдысты ӕмӕ-иу стӕй, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 9:20
8 Iomraidhean Croise  

Ахӕм у, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уыдоны хъысмӕт, стӕй, сӕ фӕдыл цӕуын чи уарзы, уыдоны кӕрон.


Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕгыл ӕууӕнд, дӕхи зондыл дӕ зӕрдӕ ма дар.


Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.


Уӕд фыццаг хатт сыстадысты сӕ бынатӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Дунедарӕджы амындӕй-иу ацыдысты сӕ фӕндагыл израилӕгтӕ ӕмӕ-иу Дунедарӕджы амындӕй ӕрлӕууыдысты: цалынмӕ-иу Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ мигъ бадти, уӕдмӕ сӕ бынатӕй не змӕлыдысты.


Мигъ-иу дӕргъвӕтин рӕстӕг йӕхи куы нӕ иста Уаз Цӕрӕнӕй, уӕд-иу израилӕгтӕ ӕнцад лӕууыдысты — ӕххӕст кодтой Дунедарӕджы фӕндон.


Мигъ-иу йӕ бынаты ӕрмӕстдӕр изӕрӕй райсоммӕ куы лӕууыди, уӕд-иу уыдон дӕр, райсомӕй-иу куыддӕр йӕхи систа, афтӕ цӕуынмӕ фесты. Мигъ-иу йӕ бынаты иунӕг бон ӕмӕ иунӕг ӕхсӕв куы лӕууыд ӕмӕ-иу стӕй йӕхи куы систа, уӕд-иу уыдон дӕр уайсахат цӕуынмӕ фесты.


Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, стыр ӕмӕ карз Хуыцау, уемӕ ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan