Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 9:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Мигъ-иу дӕргъвӕтин рӕстӕг йӕхи куы нӕ иста Уаз Цӕрӕнӕй, уӕд-иу израилӕгтӕ ӕнцад лӕууыдысты — ӕххӕст кодтой Дунедарӕджы фӕндон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 9:19
7 Iomraidhean Croise  

йӕхи хӕрдмӕ куынӕ иста, уӕд та никуыдӕм цыдысты — ӕнхъӕлмӕ кастысты, ногӕй та йӕхи кӕд сисдзӕн, уымӕ.


Авд боны дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз лӕуут ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ бӕрны цы бакодта, уый ӕххӕст кӕнут, науӕд амӕлдзыстут. Афтӕ мын бафӕдзӕхстӕуыд».


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай ӕмӕ Мын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд тӕрхон кӕндзынӕ Мӕ Кувӕндоны ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕ Мӕ кӕртытӕ. Ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн, мӕнӕ ам чи лӕууы, уыдонимӕ Мын лӕггад кӕныныны бар.


Уыдон ӕппӕт израилӕгты бӕсты лӕггад кӕнынц Уаз Цӕрӕны ӕмӕ сӕ бӕрны уӕнт Фембӕлды Цатыры мигӕнӕнтӕ.


Дунедарӕджы амындӕй-иу ацыдысты сӕ фӕндагыл израилӕгтӕ ӕмӕ-иу Дунедарӕджы амындӕй ӕрлӕууыдысты: цалынмӕ-иу Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ мигъ бадти, уӕдмӕ сӕ бынатӕй не змӕлыдысты.


Мигъ-иу цалдӕр боны куы бадти Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ, уӕд-иу израилӕгтӕ, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ бынаты лӕууыдысты ӕмӕ-иу стӕй, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan