Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 9:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Дунедарӕджы амындӕй-иу ацыдысты сӕ фӕндагыл израилӕгтӕ ӕмӕ-иу Дунедарӕджы амындӕй ӕрлӕууыдысты: цалынмӕ-иу Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ мигъ бадти, уӕдмӕ сӕ бынатӕй не змӕлыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 9:18
7 Iomraidhean Croise  

Израилы дзыллӕ Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй куы рацыдысты, уӕд Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ рӕсӕнуат кодтой куы иу, куы иннӕ ран, афтӕмӕй бахӕццӕ сты Рефидиммӕ. Адӕмӕн дзы дон бануазынӕн нӕ уыд,


Уӕд фыццаг хатт сыстадысты сӕ бынатӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ уыди кӕддӕриддӕр: Уаз Цӕрӕн-иу мигъ ӕрбамбӕрзта, ӕхсӕвыгон та, цыма йӕ сӕрмӕ арт судзы, афтӕ зынди.


Мигъ-иу дӕргъвӕтин рӕстӕг йӕхи куы нӕ иста Уаз Цӕрӕнӕй, уӕд-иу израилӕгтӕ ӕнцад лӕууыдысты — ӕххӕст кодтой Дунедарӕджы фӕндон.


Мигъ-иу цалдӕр боны куы бадти Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ, уӕд-иу израилӕгтӕ, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ бынаты лӕууыдысты ӕмӕ-иу стӕй, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой.


Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, нӕ фыдӕлтӕ иууылдӕр ӕврагъы дӕлбазыр кӕй уыдысты ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Сырх денджызыл кӕй ахызтысты, уый.


Уарзын та афтӕ амоны, ӕмӕ мах хъуамӕ цӕрӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ. Райдианӕй кӕй фехъуыстат, уыцы фӕдзӕхст ахӕм у: цӕрут уарзондзинадмӕ гӕсгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan