Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 9:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Мигъ-иу йӕхи куы систа Уаз Цӕрӕнӕй, уӕд-иу израилӕгтӕ сӕ фӕндаг адардтой, мигъ-иу кӕм ӕрбадт, уым та-иу рӕсӕнуат скодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 9:17
12 Iomraidhean Croise  

Ӕгас зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй, дун-дуне ӕмхуызонӕй ризӕд Йӕ разы.


Израилы дзыллӕ Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй куы рацыдысты, уӕд Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ рӕсӕнуат кодтой куы иу, куы иннӕ ран, афтӕмӕй бахӕццӕ сты Рефидиммӕ. Адӕмӕн дзы дон бануазынӕн нӕ уыд,


Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.


Дыууӕ боны, мӕй ӕви фылдӕр, цасфӕнды лӕууӕд мигъ Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ — сӕ бынаты лӕууыдысты израилӕгтӕ ӕмӕ фӕндаджы кой нӕ кодтой, фӕлӕ-иу мигъ йӕхи куы систа, уӕд-иу уайтагъд цӕуынмӕ фесты.


Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan