Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 9:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаджы куы фӕнда Дунедарӕджы Куадзӕн скӕнын, уӕд ӕй хъуамӕ Куадзӕны фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ скӕна — уыцы иу уагӕвӕрдтӕ уӕм хъуамӕ уа ӕцӕгӕлонӕн дӕр ӕмӕ бынӕттон цӕрӕгӕн дӕр».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 9:14
14 Iomraidhean Croise  

Нывонд фыдызгъӕлӕй аходыдтой уацарӕй ӕрбаздӕхӕг израилӕгтӕ ӕмӕ, бынӕттон адӕмты чъизитӕй йӕхи аиуварсгӕнгӕйӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи бафӕдзӕхсгӕйӕ семӕ чи бамбал, ӕппӕт уыдон.


Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Мӕнӕ уын Куадзӕны ӕгъдау. Ӕндӕрбӕстӕгтӕн дзы аходын не ’мбӕлы.


Куадзӕн хъуамӕ бӕрӕг кӕна ӕппӕт Израилы дзыллӕ.


Уӕ сӕнӕфсир дӕр фӕстаг гагайы онг ма ӕртонут, зӕхмӕ дзы цы гагатӕ ӕрхауа, уыдон дӕр-иу ма ӕруидзут — мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн сӕ ныууадзут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр ма райсут ахӕм фос уӕ Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхӕссынӕн. Сахъат кӕй сты ӕмӕ сӕм аиппытӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ барст нӕ уыдзысты».


Ӕрцӕуӕггагӕн дӕр ӕмӕ бынӕттон цӕрӕгӕн дӕр уӕм иу ӕгъдау уӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау“».


Зӕхх дзы куы ӕлхӕнай, уӕд-иу банымай, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы фӕстӕ цал азы рацыди, уый. Зӕхх дын чи уӕй кӕна, уый дӕр банымайӕд, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы ’рцыдмӕ уыцы зӕххӕй тыллӕг цал азы исӕн уыдзӕн, уый.


Ӕхсӕнады фӕтк иу у сымахӕн дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр. Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут фыдӕй-фыртмӕ. Дунедарӕджы раз ӕрцӕуӕггаг дӕр хъуамӕ кӕна, сымах куыд кӕнут, афтӕ.


Иу ӕгъдау ӕмӕ иу уагӕвӕрд ис сымахӕн дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ногӕрлидзджытӕн дӕр».


сабитӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сугсӕттӕгӕй донхӕссӕджы онг.


Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы — нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сабиты, уӕ сахарты цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй тӕрсой Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan