12 Райсоммӕ дзы мацыуал ныууадзӕд ӕмӕ йын йе стджытӕй мацы асӕттӕд: Куадзӕны фӕтк хъуамӕ мацӕмӕй фехала.
Райсоммӕ-иу дзы мацыуал ныууадзут, цы дзы нӕ бахӕрат, уый арты басудзут.
Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Мӕнӕ уын Куадзӕны ӕгъдау. Ӕндӕрбӕстӕгтӕн дзы аходын не ’мбӕлы.
Дзидза хӕрын хъӕуы, кусарт кӕм акодтой, уым. Ӕддӕмӕ дзы мацы рахӕссут, йе стджытӕ дӕр ын ма асӕттут.
Дзидза иууылдӕр тӕккӕ уыцы ӕхсӕв хъуамӕ хӕрд ӕрцӕуа, хӕрын ӕй хъӕуы физонӕгфыхӕй, донгонд дзултӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ.
Боныгон Цатыры сӕрмӕ лӕууыди Дунедарӕджы ӕврагъ, ӕхсӕвы та уыцы ӕврагъы мидӕг сыгъди арт, ӕмӕ йӕ уыдтой ӕппӕт израилӕгтӕ дӕр. Афтӕ уыд алы хатт дӕр, израилӕгтӕ-иу фӕндагыл куы уыдысты, уӕд.
Йӕ афоныл ӕй кӕнут, ацы мӕйӕн ӕй йӕ цыппӕрдӕсӕм бон, изӕрмилты, фӕтк ӕмӕ ӕгъдау куыддӕриддӕр домынц, афтӕ скӕнут».
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа Сыгъдӕг Фыст: «Йӕ иу стӕг дӕр нӕ асӕтдзӕн».