Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 9:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 «Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: уӕхицӕй кӕнӕ уӕ байзӕддагӕй исчи, марды буармӕ февналгӕйӕ, куы фӕчъизи уа кӕнӕ дард фӕндагыл куы уа, уӕддӕр хъуамӕ Дунедарӕджы Куадзӕн скӕна.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 9:10
15 Iomraidhean Croise  

Дыккаг мӕй Йерусалимы Донгонд дзулты бӕрӕгбонмӕ ӕрӕмбырд ис тынг бирӕ адӕм.


Адӕмӕй бирӕтӕ, фылдӕр та Ефрем, Менассиа, Иссахар ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй, сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, фӕлӕ уӕддӕр хордтой Куадзӕны фынгӕй, кӕд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ афтӕ не ’мбӕлдис, уӕддӕр.


Паддзах, йӕ барджынтӕ ӕмӕ Йерусалимы дзыллӕйы ӕппӕт минӕвӕрттӕ бауынаффӕ кодтой Куадзӕны бӕрӕгбон дыккаг мӕйы саразын.


Дыккаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон ӕй изӕрмилты скӕнӕд, донгонд гуылтӕ ӕмӕ маст зайӕгхӕлттимӕ бахӕрӕд йӕ Куадзӕны уӕрыкк.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


уӕд дӕ кувинӕгтӕ уым, нывондхӕссӕны раз, ныууадз, ацу, бафидау уал де ’фсымӕримӕ, стӕй раздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой бакӕн.


Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Йерусалиммӕ — сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.


Уӕдӕ алы адӕймаг дӕр ныккӕсӕд йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ хӕрӕд ацы дзулӕй ӕмӕ нуазӕд ацы сӕнӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan