Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 8:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕрбакӕнӕнт гал, йемӕ йын ӕрбахӕссӕнт сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хойраджы хуын. Дыккаг гал та — тӕригъӕды нывондӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 8:8
12 Iomraidhean Croise  

Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ цӕмӕй Мӕ сауджынтӕ суой, уый тыххӕй Мын сӕ срухс кӕн мӕнӕ афтӕ. Равзар иу гал ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат фыры.


ӕмӕ сӕ нывӕр иу чыргъӕды. Чыргъӕд ӕрбахӕсс, ӕрбакӕн гал ӕмӕ дыууӕ фыры дӕр.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.


Уаз Цӕрӕнмӕ бацӕуын йӕ зӕрды куы уа, уӕд Аарон тӕригъӕды нывондӕн хъуамӕ ӕрбакӕна гал, иууылсудзинагӕн та — фыр.


Дунедарӕгӕн хойраджы хуын чи хӕсса, уый хъуамӕ райса мӕнӕуы ссад, ӕркӕна йыл оливӕйы сой, ӕрӕвӕра йыл буд


ӕмӕ сын сӕ азым куы бацамындӕуа, уӕд тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕнт гал ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры раз ӕрлӕууын кӕнӕнт.


алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал.


«Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan