Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 8:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Цырагъдарӕн та ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъзӕринӕй конд уыди, йӕ зӕнгӕй йӕ сыфты онг — сыгъзӕрин цагъд; Дунедарӕг ын цы хуызӕг фенын кодта, уый халдихӕн сарӕзта Моисей цырагъдарӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 8:4
11 Iomraidhean Croise  

Йӕ фӕйнӕ кӕроныл ын ныффидар кӕн сыгъзӕрины фӕйнӕ ӕнӕхъӕн къӕрттӕй арӕзт дыууӕ херувимы.


Скӕнут Мын Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, Ӕз дын цы хуызӕг равдисдзынӕн, уымӕ гӕсгӕ.


Цатыр ӕрӕвӕр, хохы сӕр дын амынд куыд ӕрцыди, афтӕ.


Сыгъзӕринӕй рацагъта дыууӕ херувимы, Фидыды Чырынӕн йӕ фӕйнӕ кӕроныл, ӕмӕ сиу сты йемӕ.


Аарон афтӕ бакодта: цырагъдарӕныл цырӕгътӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ равӕрдта.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы Уаз Цӕрӕны — Моисей Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз».


Уӕдӕ уӕларвоны зӕххон хуызӕгтӕ хъуамӕ сыгъдӕггонд цӕуой афтӕ, уӕларвон та ноджы сыгъдӕгдӕр нывӕндтӕ домы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan