25 Йӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы йӕхи куы фӕуой, уӕд ныууадзӕд йӕ лӕггад — хъуамӕ мауал куса.
Банымай, дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
«Левиты хъуыддаг хъуамӕ уа афтӕ: фондз ӕмӕ ссӕдз азы йыл куы сӕххӕст уа, уӕдӕй фӕстӕмӕ левит лӕггад кӕнӕд Фембӕлды Цатыры.
Фембӕлды Цатыр кӕй бӕрны ис, йӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕд, фӕлӕ йӕхӕдӕг мауал кусӕд. Ахӕм уынаффӕтӕ хъуамӕ рахӕссай ды левитты лӕггады фӕдыл».
Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.