Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 8:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 «Левиты хъуыддаг хъуамӕ уа афтӕ: фондз ӕмӕ ссӕдз азы йыл куы сӕххӕст уа, уӕдӕй фӕстӕмӕ левит лӕггад кӕнӕд Фембӕлды Цатыры.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 8:24
16 Iomraidhean Croise  

Левиттӕ нымад ӕрцыдысты ӕртыназдзыдтӕй уӕлӕмӕ; ӕдӕппӕтӕй сӕ нӕлгоймӕгты нымӕц уыд ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз мины.


Сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ номхыгъдтӕм хаст ӕрцыдысты сауджынтӕ, стӕй левиттӕ — сӕ къордтӕ ӕмӕ сӕ куысты хӕстӕм гӕсгӕ, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ.


Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».


Банымай, дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


Банымай, дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи у, уыдоны иууылдӕр.


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй,


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Йӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы йӕхи куы фӕуой, уӕд ныууадзӕд йӕ лӕггад — хъуамӕ мауал куса.


Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?


Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны.


Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау.


Ӕнувыдӕй тох кӕн уырнындзинадыл, фидар хӕц мыггагмӕйы цардыл. Уыцы цардмӕ дӕ ӕрхуындӕуыд, ӕмӕ йӕ сӕраппонд дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргомӕй загътай бирӕ ӕвдисӕнты раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan