Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 8:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Уый фӕстӕ левиттӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын райдыдтой Аарон ӕмӕ йӕ фыртты разамындӕй. Дунедарӕг Моисейӕн левитты тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 8:22
9 Iomraidhean Croise  

Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ адӕмӕн арфӕтӕ кодтой, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ куывд айста, уымӕн ӕмӕ сӕ куывд ссыди уӕларвмӕ, Йӕ уаз цӕрӕнмӕ.


Езекиа скодта сауджынтӕ ӕмӕ левитты уаз куысты рад, кӕмӕ дзы цы хӕс хауди, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссой, уаз куыст кӕной, арфӕ ӕмӕ кады зарджытӕй Дунедарӕджы стауой асадӕны кулдуары раз.


Ӕмӕ израилӕгтӕ бакодтой, Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс.


Куы сӕ ссыгъдӕг кӕнай ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн хаст нывондау куы раттай, уӕд левиттӕн сӕ бон у бацӕуын ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын.


Ссыгъдӕг сты левиттӕ ӕмӕ цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ. Аарон сӕ нывондау Дунедарӕджы размӕ бакодта, ссыгъдӕг сӕ кодта Аарон, ӕмӕ уыйадыл сыгъдӕг уыдысты.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan