Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 8:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Моисей, Аарон ӕмӕ Израилы дзыллӕ иууылдӕр, Дунедарӕг Моисейӕн левитты тыххӕй куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 8:20
7 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ израилӕгтӕ бакодтой, Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс.


Дунедарӕг Моисейӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ.


Израилӕгты ’хсӕнӕй левитты рахицӕн кодтон ӕмӕ сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн радтон. Ӕппӕт израилӕгты бӕсты хъуамӕ левиттӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕной. Израилӕгтӕн уыдон уыдзысты Фиддоны нывонды бӕсты. Израилӕгтӕ та Уаз Цӕрӕнмӕ ӕввахс нӕ цӕудзысты, цӕмӕй сыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа».


Ссыгъдӕг сты левиттӕ ӕмӕ цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ. Аарон сӕ нывондау Дунедарӕджы размӕ бакодта, ссыгъдӕг сӕ кодта Аарон, ӕмӕ уыйадыл сыгъдӕг уыдысты.


Дыууӕ боны, мӕй ӕви фылдӕр, цасфӕнды лӕууӕд мигъ Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ — сӕ бынаты лӕууыдысты израилӕгтӕ ӕмӕ фӕндаджы кой нӕ кодтой, фӕлӕ-иу мигъ йӕхи куы систа, уӕд-иу уайтагъд цӕуынмӕ фесты.


ӕмӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон изӕрмилты скодтой Куадзӕн. Алцыдӕр, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, растдӕриддӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan