Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 8:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Израилӕгты ’хсӕнӕй левитты рахицӕн кодтон ӕмӕ сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн радтон. Ӕппӕт израилӕгты бӕсты хъуамӕ левиттӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕной. Израилӕгтӕн уыдон уыдзысты Фиддоны нывонды бӕсты. Израилӕгтӕ та Уаз Цӕрӕнмӕ ӕввахс нӕ цӕудзысты, цӕмӕй сыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 8:19
12 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ израилӕгтӕ бакодтой, Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс.


Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».


Моисей Ааронӕн загъта: «Дӕ будсудзӕн райс, нывӕр дзы нывондхӕссӕны зынджытӕй, стӕй буд ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕ дзыллӕйы ’хсӕнмӕ, ссыгъдӕг сын кӕн сӕ тӕригъӕд. Дунедарӕджы маст рафыхти: рын сыстад!»


Ныр та израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ Ӕз Мӕхицӕн левитты райстон.


Моисей, Аарон ӕмӕ Израилы дзыллӕ иууылдӕр, Дунедарӕг Моисейӕн левитты тыххӕй куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодтой.


Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan