Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 8:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ныр та израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ Ӕз Мӕхицӕн левитты райстон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 8:18
5 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Израил, йӕ къухтӕ дзуарӕвӕрд скӕнгӕйӕ, йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта Ефремы — кӕстӕры — сӕрыл, йӕ галиу къух та Менассиайы сӕрыл, кӕд уый хистӕр уыди, уӕддӕр.


«Израилӕгты ӕхсӕн Ӕз равзӕрстон левитты. Мӕхицӕн сӕ исын израилӕгты хистӕр зӕнӕджы ныхмӕ — мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн.


Бакӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕлбар; израилӕгты ’хсӕн уыдон Ааронӕн лӕвӕрд сты.


Израилы фыццаг цӕуӕт — адӕмӕй, фосӕй — Мӕн сты. Мысыры фыццаг зӕнӕджы куы ныццагътон, уӕд сӕ Мӕхицӕн рахицӕн ӕмӕ срухс кодтон.


Израилӕгты ’хсӕнӕй левитты рахицӕн кодтон ӕмӕ сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн радтон. Ӕппӕт израилӕгты бӕсты хъуамӕ левиттӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕной. Израилӕгтӕн уыдон уыдзысты Фиддоны нывонды бӕсты. Израилӕгтӕ та Уаз Цӕрӕнмӕ ӕввахс нӕ цӕудзысты, цӕмӕй сыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan