17 Израилы фыццаг цӕуӕт — адӕмӕй, фосӕй — Мӕн сты. Мысыры фыццаг зӕнӕджы куы ныццагътон, уӕд сӕ Мӕхицӕн рахицӕн ӕмӕ срухс кодтон.
Сӕ гуымирытӕн сын лӕггад кӕнын райдыдтой, ӕмӕ афтӕмӕй цъысымы бахаудтой.
Уый сфӕлдыста хур — бонӕн уаг ӕвӕрынӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
Дунедарӕг ӕмбисӕхсӕв ныццагъта Мысыры фыццаг цӕуӕт: цагъды фесты, паддзахы бадӕны чи бады, уыцы фараоны хистӕр фырт дӕр, ахӕстоны чи бады, уыцы уацайраджы хистӕр фырт дӕр, фосы фыццаг нӕл зӕйц дӕр.
«Израилӕгты алы фыццаг цӕуӕт дӕр нывонд кӕнут Мӕнӕн — ныййарӕг мады хистӕр фырт дӕр ӕмӕ фосы фыццаг нӕлтӕ дӕр Мӕн сты».
Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн скӕндзынӕн уаз, скӕндзынӕн уаз Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр, цӕмӕй уой Мӕ сауджынтӕ.
Бафӕдзӕхстон сын Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын, Мӕн ӕмӕ уыдоны ӕхсӕн фидыды нысанӕн. Уадз ӕмӕ зоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уыдоны Чи срухс кӕны, Уый.
Фосы фыццаг цӕуӕт Дунедарӕгӕн снывонд кӕнын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ фыццаггуырдтӕ афтӕ дӕр Йӕ исбон сты. Гал уа ӕви фыс — Дунедарӕджы исбон у.
Уымӕн ӕмӕ Мӕн у алы фыццаг зӕнӕг дӕр. Мысыры алы фыццаг цӕуӕты куы ныццагътон, уӕд Мӕхицӕн рахицӕн кодтон Израилы алы фыццаг цӕуӕты дӕр — адӕймагӕй фосы онг. Мӕн сты уыдон. Ӕз — Дунедарӕг».
Ныр та израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ Ӕз Мӕхицӕн левитты райстон.
уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ӕгъдауы фыст ис: «Алы хистӕр зӕнӕг дӕр, лӕппу куы уа, уӕд лӕвӕрд ӕрцӕуӕд Хуыцауӕн».
уӕд, Фыд Кӕй срухс кодта ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕй афтӕ куыд дзурут: „Хуыцауы фауы“, „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“ кӕй загътон, уый тыххӕй?
Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.
уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?
Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы скодта Куадзӕн ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ сахуырста тугӕй, цӕмӕй хистӕр хъӕбулты марӕг ма бавнала израилӕгты хъӕбултӕм.
Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард — ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хоры сӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн.