16 Мӕнӕн лӕвӕрд сты уыдон иннӕ израилӕгты ’хсӕн. Мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ, израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ сӕ Ӕз райстон Мӕхицӕн.
«Израилӕгты алы фыццаг цӕуӕт дӕр нывонд кӕнут Мӕнӕн — ныййарӕг мады хистӕр фырт дӕр ӕмӕ фосы фыццаг нӕлтӕ дӕр Мӕн сты».
«Израилӕгты ӕхсӕн Ӕз равзӕрстон левитты. Мӕхицӕн сӕ исын израилӕгты хистӕр зӕнӕджы ныхмӕ — мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн.
Уымӕн ӕмӕ Мӕн у алы фыццаг зӕнӕг дӕр. Мысыры алы фыццаг цӕуӕты куы ныццагътон, уӕд Мӕхицӕн рахицӕн кодтон Израилы алы фыццаг цӕуӕты дӕр — адӕймагӕй фосы онг. Мӕн сты уыдон. Ӕз — Дунедарӕг».
«Райс левитты Израилы фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ, левитты фос та — уыдоны фосы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн: Ӕз — Дунедарӕг.
«Фӕсид Левийы мыггагмӕ ӕмӕ сӕ сауджын Аароны дӕлбар бакӕн, уадз ӕмӕ йын лӕггад кӕной.
Бакӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕлбар; израилӕгты ’хсӕн уыдон Ааронӕн лӕвӕрд сты.