15 Куы сӕ ссыгъдӕг кӕнай ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн хаст нывондау куы раттай, уӕд левиттӕн сӕ бон у бацӕуын ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын.
Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты къухтӕм ратт ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кӕн, нывонд Ын кӕй сты, уый охыл.
«Израилӕгты ӕхсӕн Ӕз равзӕрстон левитты. Мӕхицӕн сӕ исын израилӕгты хистӕр зӕнӕджы ныхмӕ — мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн.
ӕмӕ, куыд израилӕгты лӕвар, афтӕ снывонд кӕнӕд левитты Дунедарӕгӕн Аарон. Уый фӕстӕ левиттӕн сӕ бон у Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын.
Ӕрлӕууын кӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты раз ӕмӕ сын сӕ ратт Дунедарӕгӕн хаст нывондау.
Мӕнӕн лӕвӕрд сты уыдон иннӕ израилӕгты ’хсӕн. Мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ, израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ сӕ Ӕз райстон Мӕхицӕн.