Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 7:89 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

89 Моисей-иу куы бацыди Фембӕлды цатырмӕ, Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ, уӕд-иу Фидыды Чырыны сӕрмӕ дыууӕ херувимы астӕуӕй хъуыста хъӕлӕс. Ахӕм хуызы дзырдта Дунедарӕг йемӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 7:89
15 Iomraidhean Croise  

Рухсмонуаты мидӕг оливӕ бӕласы хъӕдӕй скодта дыууӕ херувимы, сӕ бӕрзӕнд уыди фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.


Стауӕн псалом. Ӕгас зӕхх, Дунедарӕджы сыстау!


Уӕд ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта Фембӕлды Цатыр, ӕмӕ Цатыр Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис. Уый тыххӕй Моисейы бон нӕ уыди Цатырмӕ бацӕуын.


Дунедарӕг фӕсидти Моисеймӕ Фембӕлды Цатырӕй ӕмӕ йын загъта:


Дунедарӕг загъта Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, Фембӕлды Цатыры, Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы дыккӕгӕм мӕйы фыццаг бон:


Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.


Уыци-уыцитӕй нӕ, фӕлӕ ӕргом, лӕгӕй-лӕгмӕ дзурын Ӕз йемӕ; уый Дунедарӕджы сурӕт йӕ цӕстӕй куы уыны, уӕд куыд бауӕндыдыстут сымах Мӕ цагъары, Моисейы, ныхмӕ дзурын?»


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын хатыр уа ӕмӕ бахъуаджы сахат ӕххуысы хорзӕх райсӕм.


Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц.


Адӕм арвыстой Силоммӕ ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ сӕрмӕ херувимтыл — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уырдыгӕй ӕрбахастой. Хуыцауы Фидыды Чырынимӕ ӕрбацыдысты Елиайы дыууӕ фырты дӕр, Хофни ӕмӕ Пинхас.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan