Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 7:88 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

88 цыппар ӕмӕ ссӕдз галы, ӕртиссӕдз фыры, ӕртиссӕдз цӕуы, ӕртиссӕдз фыргуисты — фидыды нывӕндтӕ. Ахӕм хуынтӕ ӕрбахастой нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрсты фӕстӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 7:88
5 Iomraidhean Croise  

Фидыды нывондӕн йӕ фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрхӕссӕд: кусарты дымӕг ӕнӕхъӕнӕй (йӕ тӕккӕ рӕбыныл ӕй рагъыстӕгӕй фӕхицӕн кӕнӕд, афтӕмӕй), хуылфыдзаумӕтты фиу,


Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта.


Нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрдыны бон фӕтӕгтӕ нывӕндтӕ ӕрхастой. Сӕ хуынтимӕ нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты,


Мӕнӕ, нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн Израилы фӕтӕгтӕ йӕ байсӕрдыны бон цы лӕвӕрттӕ ӕрбахастой, уыдон: дыууадӕс ӕвзист тӕбӕгъы, дыууадӕс ӕвзист хъалацы, дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы;


иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕдӕппӕтӕй — дыууадӕс галы, дыууадӕс фыры, дыууадӕс фыргуисты; дыууадӕс цӕуы — тӕригъӕды нывондӕн;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan