54 Ӕстӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Менассиайы байзӕддӕгты фӕтӕг Гамлиел, Педацуры фырт.
Йосефы байзӕддӕгтӕй: Ефремы мыггагӕй — Елишама, Аммиуды фырт; Менассиайы мыггагӕй — Гамлиел, Педацуры фырт;
Йӕ фарсмӕ — Менассиайы мыггаг; Менассиайы байзӕддӕгты фӕтӕг — Гамлиел, Педацуры фырт.
дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елишамайы, Аммиуды фырты, хуын.
Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;