Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 7:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 ӕмӕ Дунедарӕджы размӕ сӕмбӕлын кодтой сӕ хуын: ӕхсӕз ӕмбӕрзт уӕрдоны ӕмӕ дыууадӕс стуры; иу уӕрдон алы дыууӕ фӕтӕгӕй ӕмӕ фӕйнӕ галы алы фӕтӕгӕй дӕр. Галтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ Уаз Цӕрӕны размӕ ӕрбацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 7:3
7 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма сын бафӕдзӕхс, уӕ сабитӕ ӕмӕ, зӕгъ, уӕ устыты раласынмӕ Мысырӕй акӕнут уӕрдӕттӕ. Раласут, зӕгъ, уӕ фыды ӕмӕ ӕрбацӕут.


Гъемӕ афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ. Йосеф сын фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ радта уӕрдӕттӕ, стӕй ма фӕндаггаг дӕр.


Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ, Дунедарӕгӕн Йерусалимы цы хӕдзар ис, уырдӕм барвӕндоны нывӕндтимӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар бындуронӕй ногӕй арӕзт ӕрцӕуа, уый тыххӕй.


«Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ Мын мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд кӕной. Кӕй цы фӕнды, уый раттӕд.


Алы адӕмтӕй уын ӕрбакӕндзысты ӕфсымӕртӕ бӕхтыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ уадӕмдзу теуатыл, ӕрбаласдзысты сӕ тохуӕрдӕтты ӕмӕ лӕгуӕрдӕтты. Ӕрбакӕндзысты сӕ Мӕ уаз хохмӕ, Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ балӕвар кӕндзысты Мӕнӕн, Дунедарӕгӕн, израилӕгтӕ Мын Мӕ Кувӕндонмӕ сыгъдӕг мигӕнӕны хуын куыд ӕрбахӕссынц, раст уый хуызӕн.


Мӕнӕ уӕ Ӕз хорӕй йедзаг уӕрдонау ныссӕнддзынӕн.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan