2 Уый фӕстӕ израилӕгты фӕтӕгтӕ, сфыст кӕй бӕрны уыд, хӕдзарвӕндӕгты уыцы хистӕртӕ ӕрбацыдысты
Иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах Соломон фӕсидти Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй сын Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй (сахарӕн йӕ иннӕ ном — Сион) рахӕссын кӕна.
Йӕ барджынтӕ дӕр адӕмӕн, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, бархийӕ лӕвӕрттӕ ракодтой сӕ фосӕй. Хуыцауы Кувӕндоны уагдартӕ, Хилкиа, Захариа ӕмӕ Йехиел, Куадзӕны нывондӕгтӕ сауджынты къухмӕ радтой: лыстӕг фосӕй — дыууӕ мин ӕмӕ ӕхсӕзсӕдӕ сӕры, стурвосӕй — ӕртӕсӕдӕ сӕры.
Мыггӕгты хистӕртӕ хастой оникс ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕ фӕлгӕты бавӕрынӕн — ефод ӕмӕ риуылдарӕнӕн,
Моисей израилӕгтӕн рафӕзмыдта, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.
Ӕмӕ сын райстой Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар сӕ сыгъзӕринтӕ, алыхуызон фӕлындӕнтӕ.