12 Фыццаг бон йӕ хуынимӕ ӕрбалӕууыди Нахшон, Аминадавы фырт, Иудӕйы мыггагӕй.
Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.
Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.
Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
Ӕфсымӕртӕ дӕ стаудзысты, Иудӕ! Йӕ бӕрзӕйӕ ӕрцахсдзынӕ фыдгулы; ныллӕг дын кувдзысты дӕ фыды фырттӕ.
Мӕнӕ, ӕххуыс уын чи кӕндзӕн, уыцы адӕймӕгты нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй — Елицур, Шедеуры фырт;
Иудӕйы мыггагӕй — Нахшон, Аминадавы фырт;
Фыццаг уал, къорд къорды фӕдыл, араст ис Иудӕйы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Нахшон, Аминадавы фырт.
Разӕй, скӕсӕнӕрдыгӕй, хъуамӕ йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕна Иудӕйы ӕфсад; Иудӕйы байзӕддӕгты фӕтӕг — Нахшон, Аминадавы фырт.
ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фӕтӕгтӕ радыгай, алчи йӕ боны, хӕссӕнт сӕ хуынтӕ нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн».
Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ; дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;
Арамӕй райгуырд Аминадав, Аминадавӕй — Нахшон; Нахшонӕй — Салмон;
Йессей, Овед, Боаз, Шелах, Нахшон,
Аминадавӕй райгуырди Нахшон; Нахшонӕй райгуырди Салмон;