10 Нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрдыны бон фӕтӕгтӕ нывӕндтӕ ӕрхастой. Сӕ хуынтимӕ нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты,
Паддзах Соломон стурвосӕй нывондӕн ӕрхаста дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ адӕм иууылдӕр Хуыцауы хӕдзар срухс скодтой.
Ӕстӕм бон бӕрӕгбонӕн скодтой кӕрон. Нывондхӕссӕн срухс кӕныныл ӕдӕппӕтӕй ацыди авд боны, уый фӕстӕ та авд боны — бӕрӕгбоныл.
Йерусалимы сис срухс кӕныны рӕстӕг левиттӕм фӕсидтысты ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ ’рбацӕуын кодтой сӕ цӕрӕн бынӕттӕй, цӕмӕй, Дунедарӕгӕн кад кӕнгӕйӕ, скувой ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон скӕной зард ӕмӕ далатӕ, дыууадӕстӕнонты, хъисфӕндырты цагъдимӕ.
Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.
Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта.
ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фӕтӕгтӕ радыгай, алчи йӕ боны, хӕссӕнт сӕ хуынтӕ нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн».
Мӕнӕ, нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн Израилы фӕтӕгтӕ йӕ байсӕрдыны бон цы лӕвӕрттӕ ӕрбахастой, уыдон: дыууадӕс ӕвзист тӕбӕгъы, дыууадӕс ӕвзист хъалацы, дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы;
цыппар ӕмӕ ссӕдз галы, ӕртиссӕдз фыры, ӕртиссӕдз цӕуы, ӕртиссӕдз фыргуисты — фидыды нывӕндтӕ. Ахӕм хуынтӕ ӕрбахастой нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрсты фӕстӕ.
Уагдартӕ та зӕгъӕнт хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи хӕдзар сарӕзта, фӕлӕ дзы нӕма ӕрцардис, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йӕ хӕдзары ӕндӕр исчи куы ӕрцӕра.