Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 7:1
15 Iomraidhean Croise  

Хуыцау арфӕ ракодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ скодта уаз, уымӕн ӕмӕ уыцы бон Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй ӕрулӕфыди.


Дунедарӕджы Кувӕндоны раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыди, уый утӕппӕт нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн ӕгӕр гыццыл кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Соломон тӕккӕ уыцы бон срухс кодта, Кувӕндоны раз цы кӕрт уыд, уымӕн йӕ астӕуккаг хай, ӕмӕ уым ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ, стӕй хойраджы хуынтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндты фиу.


«Израилӕгты алы фыццаг цӕуӕт дӕр нывонд кӕнут Мӕнӕн — ныййарӕг мады хистӕр фырт дӕр ӕмӕ фосы фыццаг нӕлтӕ дӕр Мӕн сты».


Алы бон дӕр-иу се ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй гал аргӕвд тӕригъӕды нывондӕн. Ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау дӕр ӕмӕ-иу ӕй байсӕрд — срухс ӕй кӕныны охыл.


Байсӕрд хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ ӕмӕ йӕ снывонд кӕн Дунедарӕгӕн.


«Зӕгъ израилӕгтӕн ӕмӕ сын дыууадӕс лӕдзӕджы ӕрбахӕссын кӕн — мыггӕгты фӕтӕгты лӕдзджытӕ. Алы лӕдзӕгыл дӕр йӕ хицауы ном ныффысс,


Нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрдыны бон фӕтӕгтӕ нывӕндтӕ ӕрхастой. Сӕ хуынтимӕ нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты,


Мӕнӕ, нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн Израилы фӕтӕгтӕ йӕ байсӕрдыны бон цы лӕвӕрттӕ ӕрбахастой, уыдон: дыууадӕс ӕвзист тӕбӕгъы, дыууадӕс ӕвзист хъалацы, дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы;


цыппар ӕмӕ ссӕдз галы, ӕртиссӕдз фыры, ӕртиссӕдз цӕуы, ӕртиссӕдз фыргуисты — фидыды нывӕндтӕ. Ахӕм хуынтӕ ӕрбахастой нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрсты фӕстӕ.


Куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у: нывонд ӕви йӕ чи сыгъдӕг кӕны, уыцы нывондхӕссӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan