Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 6:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йӕ цуры ӕнӕнхъӕлӕджы исчи куы амӕла, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнӕбары йӕ назиры сӕр куы фӕчъизи кӕна, уӕд, цы бон ссыгъдӕг ис, уыцы бон йӕ сӕрыхъуынтӕ хъуамӕ алвына — йӕ фӕчъизийы фӕстӕ сӕ ӕвдӕм бон алвынӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 6:9
11 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ мидӕггаг кӕртмӕ, Кувӕндоны сауджынлӕггад кӕнынмӕ, цӕуинаг цы бон уа, уыцы бон-иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывонд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Сыгъдӕггонд чи цӕуы, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕ хил иууылдӕр адасӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуын, ӕцӕг ма-иу авд боны дӕргъы баззайӕд йӕ цатыры ӕдде.


Ӕвдӕм бон та адасӕд йӕ сӕр, йӕ зачъетӕ ӕмӕ йе ’рфгуытӕ — йӕ хил иууылдӕр, ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхи цынайӕд, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн.


Фембӕлды Цатыры раз алвынӕд назир йӕ сӕры хил — йӕ сомыйы нысан — ӕмӕ йӕ, фидыды нывонд цы артыл фӕсудзынц, уым баппарӕд.


Йӕ назир-бонты дӕргъы Дунедарӕгӕн нывондгонд у.


Павел Коринфы дзӕвгар бафӕстиат, стӕй хӕрзбон загъта ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ науы ацыди Сиримӕ. Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ балцы размӕ Кенхрейы алвыдта йӕ сӕр.


Уыцы авд боны куы фӕуд кодтой, уӕд асиаг иудейӕгтӕ Павелы федтой Кувӕндоны, сардыдтой йыл ӕппӕт адӕмы ӕмӕ йӕ ӕрцахстой.


уӕд ӕй дӕ хӕдзармӕ ӕрбахон. Йӕ сӕр алвынӕд, йӕ ныхтӕ ракӕнӕд,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan