4 Йӕ назир-бонты дӕргъы йын, сӕнӕфсирӕй конд цыдӕриддӕр хӕринаг ис, аппӕй цъары онг, уыдонӕй хӕрӕн ницы ис.
Уый — сомы ракӕнӕг назиры ӕгъдау. Назир Дунедарӕгӕн нывонд хӕссы, ӕгъдау куыд домы, афтӕ ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай — йӕ бон цы у, уый. Цы сомы ракодта, уый йын, назиры ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, афтӕ ӕххӕстгӕнгӕ у».
уӕд хъуамӕ сӕн ӕмӕ махсымӕйӕ йӕхи хиза, сӕны дзмари ӕмӕ махсымӕйы дзмаримӕ хӕстӕг ма цӕуа, сӕнӕфсирӕй конд нозтытӕй макӕцы нуаза, сӕнӕфсир ӕмӕ сӕнӕфсиры хус йӕ дзыхмӕ ма хӕсса.
Йӕ назир-бонты дӕргъы сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва йӕ сӕрыл. Цалынмӕ, Дунедарӕгӕн йӕхи цы бонты ӕмгъуыдмӕ снывонд кодта, уыдон аивгъуыйой, уӕдмӕ уаз у: хъуамӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ рауадза.
сӕн ӕмӕ бӕгӕны ма бануазӕд, сӕнӕфсир ӕмӕ нӕфӕтчиаг хӕринаджы хъӕстӕ ма фӕуӕд. Цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхстон, уыдон сӕххӕст кӕнӕд».